Фыдыбæстæмæ уарзондзинады темæимæ баиу кодта æртæ конкурсы
Аргъæуттæ, æмдзæвгæтæ æмæ сценикон æвæрдтытæ. Баст сты Фыдыбæстæмæ уарзондзинады темæимæ. Баиу кодта æртæ конкурсы: «Хуыздæр хи фыст аргъау», «Хуыздæр æмдзæвгæ ирон æвзагыл» æмæ «Сывæллæты театрты фестиваль «Гом сценæ». Йæ архайджытæ сæ арæхстдзинад æвдыстой офицерты хæдзары сценæйы. Се сфæлдыстадæн сын аргъ кодтой культурæйы зындгонд куысджытæ, журналисттæ æмæ конкурсы раздæры азты уæлахиздзаутæ. Сæ алкæцыйы дæр дзы уæлдай æргом зæдхт цыд авторы цæстæнгасмæ, стæй сюжеты цымыдисдзинадмæ. Ацы конкурс саразыныл бакусы Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты фæдыл Комитет æмæ фæсивæды æфсæддон – патриотон хъомылады центр. Уацмысты автортæ уыдысты алы кары. 14 азæй 35 азы онг. Конкурсы архайджыты куыстытæй арæзт æрцæудзæн сæрмагонд æмбырдгонд.