Тынг бирæ фыстæджытæ æрвитынц Украинæйы сæрмагонд операцийы архайæг æфсæддонтæн æппæт Бæстæйы цæрджытæ
Цæгат Ирыстон баиу æппæтуæрæсеон акци «Zащитникам Отечества»-мæ. Тынг бирæ фыстæджытæ æрвитынц Украинæйы сæрмагонд операцийы архайæг æфсæддонтæн æппæт Бæстæйы цæрджытæ. Фарсхæст сын радтой Ирыстоны скъоладзаутæ дæр. Уæрæсейы скъоладзауты змæлды регионалон хайады куыд зæгъынц, афтæмæй кæд фыстæг æнæзонгæ адæймагæй у, уæддæр ацы зын рæстæг барухс кæндзæн æфсæддоны зæрдæ. Хуымæтæг, зæрдиаг ныхæстæ. Гимназ «Диалог»-ы ахуырдзаутæ сæ фыстæджытæ дзурынц сæхи тыххæй, стæй салдæттæн сæ зæрдæ зæгъы, æнæнизæй сæ хæдзæрттыл куыд сæмбæлой. Сывæллæттæ сын арфæ кæнынц, Бæстæйы сæрибардзинадыл кæй хæцынц, уый тыххæй. Скъоладзаутæ архайынц алы фыстæг дæр æндæрхуызон саразыныл. Фылдæр сыл æвæрынц буква «Z» – «за мир, за победу, за наших».