Фæндаджы цур цы рагон цæрæн бынат ссардтой, уым æркъæхтытæ кæронмæ фæхæццæ кæнын
Джызæлмæ хæстæг федералон трассæ «Кавказ»-ы уаццаджы арæзтад хæстæгдæр рæстæг адарддæр кæндзысты. Фæндаджы цур цы рагон цæрæн бынат ссардтой, уым æркъæхтытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Куыстыты рæстæг археологтæ объекты ссардтой цымыдисаг артефакттæ. Бæстондæр хабæрттæ Гуытъиаты Алинæйы æрмæджы.
Мит æмæ хъызт уазал дæр нæ бауромдзысты археологты. Уыдон ныртæккæ архайынц Дзæуджыхъæуæй Джызæмæ фæндаджы уаддзагыл. Уым незаманты цардысты адæм. Рагон хъæу ссардтой, ног фæндаг куы арæзтой, уæд. Уавæр нымайгæйæ, арæзтад рæстæгмæ æруырæдтой.
Рагон хъæу кæддæр æрбынат кодта цыппар гектары фæзуатыл. Фыццаг бакастæй дæр бæрæг у, егъау хъæу кæй уыдис, уый. Зæххы бын ссардтой рагон артефакттæ астæуынусы замантæй.
Ацы бынат цæрынæн хуымæтæджы нæ равзæрстой. Тыгъд быдыр æмæ Саудоны хæстæгдзинады фæрцы дзы уыдис иттæг хорз уавæртæ. Археологтæ дзы ссардтой дыууæ хуызы ингæгтæ, уый та у ууыл дзурæг æмæ дзы цардис алыхуызон нацитæ. Ныртæккæ ахуыргæндтæ æмбырд кæнынц сджытæ æмæ ДНК-анализы фæрцы базондзысты, цавæр адæм уыдысты, уый. Археологтæ басгæрстой æвддæс обауы. Цы артефакттæ ссардтой, уыдон та арвитдзысты иртæстытæм. Ингæнты цы сджытæ ссардтой, уыдоны бахъыгдæрдта уымæл сыджыт. Фæлæ æлыг дзаумæттæ æмæ сылгоймаджы аивгæнæнтæ уæлдайхуызон дæр нæ фесты.
Кæй ссардтой, уыцы артефакттæм куы æркæсой, уæд сæ арвитдзысты Уæрæсейы музейы фондмæ, стæй нæ республикæйы Национ музеймæ. Ацы ран та уыдзæнис федерадон фæндаг Кавказы ног хай.




