Бынæттон цæрджытæ сæ машинæтæ сæвæрдтой дамгъæ «Z» -ы хуызы
Уæрæсейы æфсæддонты фарс рахæцыны акци арæзт æрцыди Мæздæджы районы Терскийы станицæйы. Бынæттон цæрджытæ сæ машинæтæ сæвæрдтой дамгъæ «Z» -ы хуызы. Куыд зонæм, афтæмæй уый у сæрмагонд операцийы символ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг чи фæмарди, уыцы салдатты монументы цурмæ æрбацыдысты хъазахъхъаг æхсæнады минæвæрттæ, ветерантæ æмæ станицæйы уазджытæ, стæй скъоладзаутæ. Мадзал дарддæр ахæццæ кодтой станицæмæ бацæуæны Кувæн Дзуары раз митингæй. Раныхас дзы кодтой æхсæнады разамонджытæ. Хъазахъхъæгты æхсæнад кæддæриддæр уыди паддзахады фарс. Уыцы традицитæ ныртæккæ дæр æххæстгонд цæуынц. Мадзалы кæронбæттæн æмбырды архайджытæ станицæйы алыварс Мады Майрæмы дзуары нывимæ сарæзтой машинæтыл дугъ.