17 марта 2022, 14:05
Автоинспекци сиды шофыртæм æмæ фистæгæйцæуджытæм, цæмæй лæмбынæгдæр æххæст кæной фæндаджы змæлды æгъдæуттæ
Температурæ кæй фæныллæгдæр, уый тыххæй фæндæгтыл æрсалдис их æмæ уый аххосæй сырæзы фæндаггон фыдбылызты нымæц
Боныхъæд кæй февзæрдæр æмæ мит кæй æруарыд, уый тыххæй паддзахадон автоинспекци сиды шофыртæм æмæ фистæгæйцæуджытæм, цæмæй лæмбынæгдæр æххæст кæной фæндаджы змæлды æгъдæуттæ. Температурæ кæй фæныллæгдæр, уый тыххæй фæндæгтыл æрсалдис их æмæ уый аххосæй сырæзы фæндаггон фыдбылызты нымæц. Паддзахадон автоинспекци шофыртæн амоны, цæмæй сындæгдæр кæной сæ цыд, æмæ æххæст кæной машинæты хсæн дистанци. Фистæгæйцæуджытæй та курынц, цæмæй фæндаджы сæрты хизой нысангонд бынæтты æмæ пайда кæной рухсыздахæн нысантæй.
темæмæ гæсгæ




