17 марта 2022, 14:15
Нæ бæстæйы æддагон политикон архайды фарс рахæцыны тыххæй дзырдтой Цæгат Кавказы пысылмæтты Координацион центры минæвæрттæ
Æппæтуæрæсеон наукон-практикон конференци арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты
Нæ бæстæйы æддагон политикон архайды фарс рахæцыны тыххæй дзырдтой Цæгат Кавказы пысылмæтты Координацион центры минæвæрттæ. Æппæтуæрæсеон наукон-практикон конференци арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Архайдтой дзы Уæрæсейы алы регионты муфтитæ æмæ æндæр конфесситы минæвæрттæ, æдæппæтæй 150 специалисты федералон æмæ регионалон æххæстгæнæн оргæнтæй стæй экспертон æхсæнадæй. Ныхас цыд æнгом æмархайдыл. Уыимæ национ æмæ конфессионалон аууæлтæ нæ хынцгæйæ. Пысылмон дины организациты разамонджытæ фехъусын кодтой, Уæрæсейы хицауады архайды фарс кæй сты, уый тыххæй. Растыл нымайынц æфсæддон хъахъхъæныны архайд дæр.