филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:48 воскресенье, 01 февраля 2026
18 марта 2022, 12:00
Донбассæй адæмы суазæг кодтой Тæмисчъы санаторийы

Ифтонг сты æппæт æмбæлгæ уавæртæй

Ныртæккæ хæстон цаутæй сты дард, сæ ног æмбæлтты фарсмæ æмæ сыгъдæг арвы бынмæ. Донбассæй адæмы суазæг кодтой Тæмисчъы санаторийы. Ифтонг сты æппæт æмбæлгæ уавæртæй. Алцыдæр конд цæуы, цæмæй сæ тæссаг цард айрох уа, уый тыххæй. Куыд сын уайы, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ныртæккæ ацы сабитæ цæрынц хуымæтæг цардæй. Кæнынц ахуыр, кæсынц телевизормæ, хъазынц, кæрæдзиимæ фæныхас кæнынц. Иу ныхасæй, архайынц, къуырийы размæ цы цаутæ цыди, уыдон ферох кæныныл. Æвæстиатæй сæ дзаумæттæ куыд æмбырд кодтой, æмæ æхстытæй сæхи куыд æмбæхстой, уый. Александра Панченкойыл цæуы 13 азы. Куыд радзырдта, афтæмæй февралы астæу сæ горæты расидтысты дзыллон эвакуаци. Скъоладзаутæн фадат фæци Ирыстонмæ ацæуынæн. Сæ ныййарджытæ баззадысты Донбассы.

Ясиноватыйы цæрджытæ æрбынат кодтой Тæмисчъы санаторийы. Æдæппæтæй 76 адæймаджы. Се хсæн 17 сты хистæр кары, иннæтæ та сывæллæттæ. Ныридæгæн сын фæзынд ног æмбæлттæ.

Æххуысы къух æрбадæттын, æмæ ма афтæмæй иу хатт зæгъын – мах стæм иумæ. Цалдæр организацийы волонтертæ Донецкы æмæ Луганскы сывæллæттæн сæмбырд кодтой гуманитарон æххуыс. Хойраджы продукттæ, уæлæдарæс, медикаменттæ æмæ хъазæнтæ. Алы бон дæр волонтерты штабмæ бахæццæ вæййы информаци, æрбалидзæг адæм фылдæр цы хъуаг сты, уый тыххæй.

Тотиты Мæдинæ у аргъуаны волонтер. Санаторийы цы сывæллæтты ис, уыдонæй бирæты зоны. Æппæты кæстæртæ йæм уайтагъд сæ къухтæ æрбалвасынц.

Цалынмæ Александра ирон æвзаг æмæ æндæр предметтæ ахуыр кæны санаторийы, уæдмæ йæ хистæр æмбæлттæ ахуыр кæнынц Алагиры скъолайы. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ тынг хорз суазæг кодтой. Хъæуы сæ æрмæг баййафын, уымæн æмæ Донецкы скъолатæ нæ куыстой 2 мæйы онг.

Ам алчидæр арвитдзæн йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ рæстæг. Гавриковты дыууæ хойыл цæуы æстгай азтæ. Кæддæриддæр вæййынц иумæ, æмæ сæ рæстæг уарзынц пайдаимæ æрвитын.

Цалынмæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц, æмæ сæ ног бынатыл цин кæнынц, уæдмæ хистæртæ та архайынц хæсты цаутæ ферох кæныныл. Ольга Чащевая Ясиноватыйы куыста юристæй. Эвакуацийы цæуынмæ нæ хъавыд, уымæн æмæ йæ зæрдæ дардта, быцæу кæй ахицæн уыдзæн, ууыл. Фæлæ иу ахæмы бахауд æхстыты бынмæ.

Ольгæ Ирыстонмæ ссыди йæ дыууæ сывæллонимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй сæм се ппæтмæ дæр ис иунæг бæллиц.

Ныртæккæ хæстон цаутæй сты дард. Александра æмæ Варварайæн сæ бон у скъоламæ цæуын, Гавриковты хотæ та æдыхстæй хъазынц сæ уарзон хъæзтытæй. Хæстæгдæр рæстæг абалц кæндзысты экскурсимæ хæхтæм. Уымæй дарддæр æнхъæлмæ кæсынц Дзæуджыхъæуы уынгтыл атезгъо кæнынмæ дæр. Сæ тыхыл сын тых æфтауы сæ ног æмбæлтты зæрдæйы ахаст. Афтæмæй сæ бонтæ рвитгæйæ, æнхъæлмæ кæсынц æмæ бæллынц дунейы сабырдзинадмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania