22 марта 2022, 16:56
Скъолаты ахуырдзаутæн радзырдтой Интернетæй пайда кæныны домæнты тыххæй
Эксперттæ бæстон æрныхас кодтой, æппæтдунеон хызы цы сæйраг тæссагдзинæдтæ ис, уыдоны тыххæй
Скъолаты ахуырдзаутæн радзырдтой Интернетæй пайда кæныны домæнты тыххæй. Эксперттæ бæстон æрныхас кодтой, æппæтдунеон хызы цы сæйраг тæссагдзинæдтæ ис, уыдоны тыххæй. Зæгъæм, цавæр уацтæ не сты цæстæрдаринаг, цавæр сайттæм нæй цæуæн. Стæй ма цавæр æфхæрæн мадзæлттæ ис, социалон хызты пайдагæнæн кæмæй нæй, ахæм пабликтæм дæхи куы бафыссай, уæд. Æнахъом сывæллæттæ базыдтой бæрнондзинады тыххæй, сæрмагондæй экстремистон æрмæг æмæ мæнг хъусынгæнинаг куы парахат кæнай, уæд. Спикерты ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у юридикон зонындзинæдтæй æххæст уæвын. Уæлдайдæр та нырыккон уавæрты.