22 марта 2022, 16:58
Сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны уыд, документалон киноныв «Мы есть! Мы здесь»-ы презентаци
Дзурæг у, Дауны синдром кæмæ ис, уыцы сабитыл
Хъæбæлоты Билары номыл сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны уыд, документалон киноныв «Мы есть! Мы здесь»-ы презентаци. Дзурæг у, Дауны синдром кæмæ ис, уыцы сабитыл. Фылдæр æргом дзы здæхт цæуы хуры сывæллæтты сфæлдыстадон райрæзтмæ, стæй æхсæнады сæхи куыд арынц, уымæ. Кинонывы равдыст баст уыд, Дауны синромæй рынчын сывæллæтты Æппæтдунеон бонимæ. Йæ сисыныл бакуыста мæскуыйаг студи «АЛАНОФИЛЬМ». Йæ автор, сценари ныффыссаг, стæй продюссер у Бзарты Аланæ, режиссер та Андрей Зубарев. Кинонывы чи архайы, уыцы сабитæ се ппæт дæр сты сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары къордты уæнгтæ. Уым сын ис сæ курдиат раиртасынæн æмæ се мгæрттимæ архайыны фадат.
темæмæ гæсгæ




