Æхсæнады уæнгтæ сæхи фæрæзтæй балхæдтой дзаумæттæ æмæ хæринæгтæ, уыимæ хъарм цъындатæ, æрмкъухтæ æмæ ма бирæ хъæугæ хъуыддæгтæ
Национ-культурон æхсæнад «Русь»-ы бархионтæ Мæздæджы расидтысты, Украинæйы сæрмгонд операцийы цы æфсæддонтæ ис, уыдонæн æххуыс æмбырд кæныны акци. Æхсæнады уæнгтæ сæхи фæрæзтæй балхæдтой дзаумæттæ æмæ хæринæгтæ, уыимæ хъарм цъындатæ, æрмкъухтæ æмæ ма бирæ хъæугæ хъуыддæгтæ. «Русь» -ы уæнгтæй биртæ та æрбахастой сæхи æвæрæнтæй, цы сæм уыди, уый. Уæвгæ ахæм æххуыс æмбырд кæнынц бирæ æхсæнадон иугæндтæ, се хсæн ветеранты организаци «Хæстон æфсымæрад», Мæздæджы хæлардзинады Хæдзары активистттæ, скъоладзауты æмæ æвзонг æфсæддонты къордтæ. Акцийы рæстæг сæм се ргом раздæхта бирæ зæрдæхæлар адæм – хъæуты, поселокты, станицæты цæрджытæ.