филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
22 марта 2022, 21:12
Цæгат Ирыстоны афтекты хосты æргътæ, ацы мæйы райдианимæ абаргæйæ, рæстæмбисæй фæуæлдæр сты 6-15%

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ цæстдарды территориалон оргæны разамонæг Ольга Давыдова

Цæгат Ирыстоны афтекты хосты æргътæ, ацы мæйы райдианимæ абаргæйæ, рæстæмбисæй фæуæлдæр сты 6-15%. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ цæстдарды территориалон оргæны разамонæг Ольга Давыдова. Уыимæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнг хъæугæ препаратты уæлæмхасæн æфтауæнтæ нæ фæзынаргъдæр сты, фæлæ уæддæр æргътæ аивтой. Рæстæмбис нымадæй 3-йæ 8 проценты онг. Æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ цæстдарды территориалон оргæны специалисттæ къуырийы дæргъы бæрæггæнæн куыст кæнынц медицинон куыстуæтты æмæ афтекты. Æмтгæй райсгæйæ бацæудзысты 200 афтекмæ. Ныридæгæн раиртæстой, 8 объекты кæй нæй æппынкъаддæры ассортимент. Æппæт бæрæггæнæнтæ арвитдзысты прокуратурæмæ.

Æмбырды ма æрныхас кодтой республикæйы дарддæры экономикон рæзтыл. Афтæ профилон министрады разамонæг Кучиты Зауыр бафиппайдта, Цæгат Ирыстоны хи куыстуæтты кондад 10% фылдæр кæй нæу, уый. Иннæ продукци æрбаласынц Старапъолы æмæ Краснодары крайтæй, Ростовы æмæ Мæскуыйы облæсттæй. Æргътæ рæзынц хойраджы хицæн продукттыл. Афтæмæй сыл æфтауæн процент у æппынкъаддæр. Экономикон рæзты министрады уый бæттынц уыимæ, æмæ кæй рæзынц продукци аразджыты æргътæ. Ведомствойы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хызы кусæг дуканитæ нæ республикæйы æххæст кæнынц, раздæр кæй бафыстой, уыцы бадзырдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania