Республикæйы разамонæг бæлццæттæласæг компанитæй бадомдта, цæмæй æхсæнады транспорты тарифтæм ма бавналой.
Æхсæнадон транспорты фæндаггаджы аргъæн ныртæккæйы уавæрты фæфылдæр кæнæн нæй — уый тыххæй Сергей Меняйло фехъусын кодта кусæг æмбырды. Республикæйы разамонæг бæлццæттæласæг компанитæй бадомдта, цæмæй æхсæнады транспорты тарифтæм ма бавналой. Ахæм амынддзинад Сергей Меняйло арвыста банчы кусджыты номыл дæр. Куыд загъд уыдис, афтæмæй кредитты проценты бæрцæн фæфылдæр кæнæн нæй. Уый тыххæй та ныртæккæйы уавæрты банчы къабаз хъуамæ парахатæй пайда кæна, цы фарсхæцты мадзæлттæ йæм ис, уыдонæй. Республикæйы разамонæг фæсидтис базарадон хызты æмæ афтекты хицæуттæм. Куыд загъта, афтæмæй кæнгæ дефицитæн хъуамæ бынат ма уа. Уымæй уæлдай сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта, сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ æнæмæнгхъæугæ товарты аргъыл æфтауæн кæй нæй, уый дæр. Республикæйы разамонæг зæрдæ бавæрдта, æргъты рæзтмæ сæрмагондæй йæхæдæг цæст кæй дардзæн, уымæй.




