Фонд «Спасательный круг» , сфæлдыстадон кусджытæ æмæ республикæйы мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ сарæзтой фембæлд скъоладзаутимæ
Дзæуджыхъæуы скъоладзаутæн радзырдтой, наркотиктæ адæймагыл æвзæрæрдæм куыд ахадынц, уый тыххæй. Фонд «Спасательный круг» , сфæлдыстадон кусджытæ æмæ республикæйы мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ сарæзтой фембæлд скъоладзаутимæ. Скъолаты ахуырдзаутæм фæхæццæ кодтой уыцы хъылмайы æвзæрдзинады тыхххæй. Уыимæ сын равдыстой, уыцы темæимæ баст документалон киноныв. Дзурæг у, наркотиктæм æмхиц чи свæййы, уыцы адæмы тыхст царды тыххæй. Экранæй ракуырдтой фæсивæдæй, цæмæй дард лæууой наркотиктæй. Фонд «Спасательный круг» – ы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ республикæйы зын уавæр ис. Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны наркотиктæм æмхиц адæмы нымæц рæзы. Йæ бауромыны сæйрагдæр гæнæн у – фæсивæдимæ æмбарынгæнæн куыст кæнын. Хæрзаудæн фонд «Спасательный круг» кусы 15 азы. Фæсивæдимæ ахæм фембæлдтытæ аразы æдзухдæр, уыимæ æххуыс кæнынц, наркотикты азары чи бахауд, уыдонæн.