29 марта 2022, 11:23
Ольгинскæйы хъæуы цæрджытæ æрæмбырд кодтой æмæ арвыстой стыр уазласæн машинæ гуманитарон æххуысимæ, сæрмагонд операцийы цы æфсæддонтæ архайы, уыдонæн
Акци саразджыты ныхæстæм гæсгæ, гуманитарон æххуыс бакæныныл бакуыстой зæрдиагæй
Ольгинскæйы хъæуы цæрджытæ æрæмбырд кодтой æмæ арвыстой стыр уазласæн машинæ гуманитарон æххуысимæ, сæрмагонд операцийы цы æфсæддонтæ архайы, уыдонæн. Акци саразджыты ныхæстæм гæсгæ, гуманитарон æххуыс бакæныныл бакуыстой зæрдиагæй. Фæнды сæ, ацы мадзалы фæрцы, сæ удты хъармдзинад фæхæццæ кæнын куыд æфсæддонтæм, афтæ Донбассы цæрджытæм дæр. Уыцы уавæрты фыццаградон цы мигæнæнтæ сты, уыдонæй уæлдай ма арвыстой ирон чъиритæ æмæ традицион бæгæны. Фурæ, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны тырысатимæ араст Ростовмæ, уырдыгæй та гуманитарон уаргъ арвитдзысты Донецкы адæмон республикæмæ.