30 марта 2022, 11:53
Ирыстоны арæзт цæуынц алы хуызы акцитæ, Украинæйы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыцы Уæрæсейы æфсæддонтæн фарсхæст радтыны нысаниуæгимæ
Æрæфы районы цæрджытæ дæр бацархайдтой ахæм мадзал саразыныл
Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Ирыстоны дæр арæзт цæуынц алы хуызы акцитæ, Украинæйы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыцы Уæрæсейы æфсæддонтæн фарсхæст радтыны нысаниуæгимæ. Æрæфы районы цæрджытæ дæр бацархайдтой ахæм мадзал саразыныл. Цыколайы Культурæйы галуаны кæрты алы кары адæм слæуыдысты дамгъæ «Z» æмæ «V» – йы хуызы. Мадзал саразыныл бакуыстой Æрæфы районы уæлæмхасæн ахуырадон центры, районы фæсивæдон политикæйы хайады, стæй культурæйы хæдзары минæвæрттæ. Донецкы, Луганскы, Хъырымы, Ирыстоны æмæ Уæрæсейы тырысатæ саразынмæ та сын баххуыс кодта Æрæфы районы хуыйæн фабрикæ.