05 апреля 2022, 13:04
Æрæфы районы цæрджытæ æрæмбырд кодтой æмæ арвыстой гуманитарон æххуыс
Хистæрты скуывды фæстæ Цыколайæ араст уæзласæн машинæ
Æрæфы районы цæрджытæ æрæмбырд кодтой æмæ арвыстой гуманитарон æххуыс. Хистæрты скуывды фæстæ Цыколайæ араст уæзласæн машинæ. Сæрмагонд операци кæм цæуы, уым донæй цух æййафынц уый базонгæйæ, адæмы бафæндыд фарсхæст раттын куыд æфсæддонтæн, афтæ Донецкы æмæ Луганскы республикæты цæрджытæн. 20 тонны нуазыны дон Цыколайæ арвыстой, хæстон цаутæ кæм цæуы, уыцы ранмæ. Цы 500 мин сомы æрæмыбрд кодтой, уыдон та арвыстой сæрмагонд æххуысы фондмæ.