филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:35 воскресенье, 01 февраля 2026
05 мая 2022, 11:19
Донбассæй сывæллæттæн арæзт æрцыд цымыдисаг экскурси бæхты спортивон скъоламæ

Ныртæккæ нæ республикæйы уазджытæн тынг ахсджиаг у æрхæндæг хъуыдытæй адард уæвын, æмæ сабыр цардыл цин кæнын

Донбассæй сывæллæттæн арæзт æрцыд цымыдисаг экскурси бæхты спортивон скъоламæ. Ныртæккæ нæ республикæйы уазджытæн тынг ахсджиаг у æрхæндæг хъуыдытæй адард уæвын, æмæ сабыр цардыл цин кæнын. Лæппутæн æмæ чызджытæн радзырдтой бæхыл бадыны æгъдæутты тыххæй. Афтæмæй фæхайджын сты рæсугъд æнкъарæнтæй. Куыд рауад сæ балц спортивон скъоламæ, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Адæймаджы зæрдæмæ удæнцойдзинад æмæ зæрдæмæдзæугæ æнкъарæнтæ æнæмæнгæй фæхæццæ кæнынц цæрæгойтæ. Уæлдайдæр та, хæлар, рæсугъд æмæ зондджын бæхтæ. 17 аздзыд Карина Крот ссыди Донецкы адæмон республикæйæ. Чызгæн йæ зæрдæ суынгæг вæййы, йæ цæрæнбынæттæ йæ цæй тыххæй ныууадзын бахъуыд, ууыл хъуыдыгæнгæйæ. Уыцы уæззау уаргъ ын гыццыл фæрогдæр кодта бæхтыл тезгъо.

Сыгъдæг уæлдæфы тезгъо кæнынц бæхты-спортивон скъолайы инструкторты бæстон цæстдардæй. Ахæм мадзæлттæ адæймаджы æнæниздзинадæн сты пайда. Ис сын  терапевтон ахадындзинад. Уыимæ, куыд физиологон, афтæ психологон. Сæйрагдæр у бæхæй ма тæрсын, уæд цæрæгой дæр æнæмæнгæй адæймаджы банкъарæдзæн.

Бæхты-спортивон скъолайы тренертæ зæгъынц, бæхтимæ дыууæ сахаты чи бацархайы, уыдонæн сæ фæллад фæкъаддæр вæййы.

Акцийы бацархайын фæндыди куыд рæзгæ фæлтæры, афтæ семæ цы хистæртæ уыди, уыдоны дæр.

Ацы къорд у дыккаг, спортивон скъола чи бабæрæг кодта, уыдонæй. Уый размæ та сын бацæттæ кодтой концерттæ æмæ туристон акцитæ.

Ныртæккæ ахсджиаг у сывæллæттæн сæ зын уавæр фæрогдæр кæнын. Æхсызгон æмæ хъæлдзæг мадзæлттæй сын сæ зæрдæтæм рухс бауадзын.  Акци аразджытæ зæрдæ дарынц, кæй сын бантысдзæн уазджыты зæрдæйы арф фæд ныууадзын, æмæ та сæ ногæй нæ республикæмæ сыздæхын кæй бафæнддзæн. Фæлæ ныр лыгъд адæмы хуызы нæ, фæлæ фæлладуазджыты хуызы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania