06 мая 2022, 13:36
Донецкы адæмон республикæйы скъоладзаутæ архайдтой акци «Мах стæм иумæ»-йы
Адæмон фронты фæсивæдон къорды æмæ бархионты центр «Доброволец Кавказа»-йы минæвæрттимæ ахорынц бырутæ, сыгъдæг кæнынц территори
Донецкы адæмон республикæйы скъоладзаутæ архайдтой акци «Мах стæм иумæ»-йы. Адæмон фронты фæсивæдон къорды æмæ бархионты центр «Доброволец Кавказа»-йы минæвæрттимæ ахорынц бырутæ, сыгъдæг кæнынц территори. Уæлахизы 77 азы боны агъоммæ Адæмон фронты активисттæ зилынц цыртдзæвæнтæм, ног кæнынц, чи ныппырх, уыдон. Уæвгæ, ацы куыст фæкæнынц æрвылаз дæр. Комплексон мадзæлттæ снысан кæнынц бынаты цыртдзæвæнты уавæр хынцгæйæ.
темæмæ гæсгæ




