филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:36 воскресенье, 01 февраля 2026
06 мая 2022, 13:40
Мæздæджы районы традицимæ гæсгæ арæзт æрцыди æфсæддон намысы бынæттыл машинæтыл дугъ

Кадджын мадзал бирæ азты бацæттæ кæнынц Уæлахизы боны агъоммæ.

Мæздæджы районы традицимæ гæсгæ арæзт æрцыди æфсæддон намысы бынæттыл машинæтыл дугъ. Кадджын мадзал бирæ азты бацæттæ кæнынц Уæлахизы боны агъоммæ. Ацы аз машинæтыл дугъ баст уыди Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операциимæ. Йæ архайджытæ систы æхсæнадон æмæ паддзахадон организациты  минæвæрттæ, стæй æвзонг æфсæддонтæ æмæ Мæздæджы скъолаты кадеттæ. Бæрæгбоны атмосферæ скæныныл дзы бацархайдтой æфсæддон оркестры солисттæ. Азарыдысты зындгонд зарджытæ æмæ музыкалон композицитæ. Мæздæджы автоколоннæ цы районтæ бабæрæг кодта, уыдоны се ппæты дæр бацæттæ кодтой концертон программæтæ, æфсæддонты цыртдзæвæнтыл сæвæрдтой дидинджытæ. Уæвгæ та машинæтыл дугъы архайджытæ æрзылдысты 19 хъæуыл.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania