11 мая 2022, 11:27
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ знаджы ныхмæ тох кодтой æппæт фронтты
Æппæты æгъатырдæртæй иу – Сталинграды тохы архайдтой Дулаты æфсымæртæ Дзантемыр æмæ Астемыр
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ знаджы ныхмæ тох кодтой æппæт фронтты. Æппæты æгъатырдæртæй иу – Сталинграды тохы архайдтой Дулаты æфсымæртæ Дзантемыр æмæ Астемыр. Волгограды мемориалон комплексы къæйдурыл фыст сты сæ нæмттæ. Ацы бонты цыртдзæвæнмæ адæм цæуынц дидинджытæ æмæ феноктимæ, се хсæн дыууæ æфсымæры хæрæфырт Тебиаты Златæ дæр. Бинонтæ бирæ азты ницы зыдтой сæ хъæбатырты тыххæй. Цыппар азы размæ сын бантыст ссарын сæ фæд.
темæмæ гæсгæ




