филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:43 воскресенье, 01 февраля 2026
11 мая 2022, 11:43
Хъæбатырты нæмттæ фыст æрцыдысты нæ бæстæйы историйы азфысты

Кæд æнæном салдæттæ дæр бирæ сты, уæддæр зæрдиаг архайд цæуы алкæйы хъысмæт сбæрæг кæныныл

Хъæбатырты нæмттæ фыст æрцыдысты нæ бæстæйы историйы азфысты. Кæд æнæном салдæттæ дæр бирæ сты, уæддæр зæрдиаг архайд цæуы алкæйы хъысмæт сбæрæг кæныныл.  Хуымæтæджы республикæйы алы районты æфсымæрон ингæнтæ нæ фæзынд. Ацы аз, федералон программæмæ гæсгæ, æххæстæй сног кодтой Бруты хæстон мемориал. Æфсымæрон ингæн ис Фарныхъæуы дæр. Ныгæд дзы æрцыдысты Сырх Æфсады 34 хæстоны. Ацы аз территоримæ бындуронæй базылдысты.

 Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты нæмттæй Бруты æфсымæрон ингæныл цы хыгъд ис, уый рацарæзты фæстæ зынгæ фæфылдæр. Æнæном хъæбатырты базонын къухы бафтыд архивты куысты фæрцы. Алы мыггаджы бакомкоммæ дæр амæлæты бон – 42 æмæ 43-æм азтæ. Уæд хъæуы уыди госпиталь. Аирвæзын кæнын кæй нæ бантыст, уыдоны ныгæдтой ацы ран. Хæсты фæстæ азты та дзы æвæрд æрцыд бетонæй цыртдзæвæн. Ацы аз, федералон программæмæ гæсгæ мемориал æххæстæй сног кодтой.


Уæвгæ хæсты рæстæг Бруты цæрджытæ сæхæдæг дæр æвдыстой хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад. Фронтмæ ацыди 300 адæймагæй фылдæр. 200-йы онг дзы сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. Сæ ингæнтæ сты нæ бæстæйы алы рæтты, сæ ном та рох нæу Æнусон арты цур мемориалы фæрцы. Уый та æнгузбæлæсты къохы æрæджы фæзынд.

Æфсымæрон ингæн ис Фарныхъæуы дæр. Ам ныгæд æрцыдысты Сырх Æфсады 34 хæстоны. Ацы аз территоримæ бындуронæй базылдысты. Сæвæрдтой дзы гранитæй къæйдур, скодтой къахвæндаг. Хъæбатыр салдæтты нæмттæ ныффыстой цыртдзæвæныл. Фæстæдæр ныффысдзысты, чи ма сын баззад, уыдоны нæмттæ дæр.

Бæрæгбонмæ Фарныхъæумæ ссыдысты Кæсæг-Балхъарæй уазджытæ дæр. Бафæндыд сæ легендарон тæхæг Дауыраты Илитæйы ном ссарын. Йæ цыртдзæвæн ам фæзынд цалдæр азы размæ. Зилынц æм мыггаджы минæвæрттæ. Уæдæ базылдысты мемориалы алыварс аллеямæ дæр.

Райгуырæн зæххы къæсæрыл хæст куы рлæууыд, уæд сæ фыдыуæзæг бахъахъхъæнынмæ сыстадысты Фарныхъæуы цæрджытæ дæр. Æдæппæтæй 400 адæймагæй фылдæр баххæст кодтой Сырх Æфсады рæнхъытæ. Сæ фылдæр сæ хæдзæрттыл нал сæмбæлдысты. Куыд республикæйы иннæ рæтты, афтæ ам дæр кæддæриддæр кад кодтой сæ хъæуккаг ветерантæн. Ныртæккæ дзы иу дæр æгас нал у, фæлæ сæ ном цæры. Цалынмæ æнусон арт судза, уæдмæ ирд цæхæрау бæрæг дардзысты ныфсхаст салдæтты нæмттæ, уымæн æмæ йæ не ппæт дæр зонæм – хъæбатыртæ нæ мæлынц!

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania