филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:37 воскресенье, 01 февраля 2026
12 мая 2022, 10:30
Дæллаг Малгобекы арæзт æрцыд кадджын æмбырд

Дæллаг Малгобекы арæзт æрцыд кадджын æмбырд. Байгом дзы кодтой мемориалон фæйнæджытæ, ацы хъæуæй рацæугæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты нæмттимæ. Малгобек суæгъд кæныныл чи тох кодта, æмæ дзы чи фæмард, уыцы æфсæддонты нæмттæ сбæрæг кæнын бантыст Махмади Даулетовы агурæг къорды фæрцы. Хъæу хъахъхъæдта бирæнацион мысанæхсæн батальон. Уый хыгъды уыдысты Цæгат Кавказы, Фæскавказы æмæ æппæт Советон Цæдисы минæвæрттæ. Мемориал байгом кæнынмæ Мæздæджы районмæ хуынд æрцыд Дагестаны делегаци. Æрмæст ацы республикæйæ Малгобек суæгъд кæныны тохы фæмард 32 æфсæддоны. Номарæн мадзалы кæронбæттæн хъæбатырты нæмттимæ цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania