03 июня 2022, 12:37
Сыхæгты æппæтадæмон боны кадæн Мæздæджы арæзт æрцыди стыр бæрæгбон
Традицимæ гæсгæ ацыд горæты сæйраг фæзы
Сыхæгты æппæтадæмон боны кадæн Мæздæджы арæзт æрцыди стыр бæрæгбон. Традицимæ гæсгæ ацыд горæты сæйраг фæзы. Фонтанты цур концертон фæзы концерт бацæттæ кодтой районы культурæйы Галуаны сфæлдыстадон къордтæ. Артисттæ равзæрстой тематикон репертуар. Аазарыдысты хæлардзинады зарджытæ, стæй Кавказы адæмыхæттыты мотивтæ. Бæрæгбонмæ æрбахуыдтой алы кары минæвæртты, æнæхъæн изæр уазджытæн куыстой базарадон бынæттæ æмæ аттракционтæ. Сыхæгты бон Мæздæджы бæрæг кæнынц æрвылаз дæр.
темæмæ гæсгæ




