филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:22 воскресенье, 01 февраля 2026
07 июня 2022, 12:46
Лескены арæзт æрцыд ахуыргæнæг Хидирты Ехйайы сфæлдыстадимæ баст конкурс

Ехйа йæхи удыл нæ хъуыды кодта, фæлæ йæ алкæддæр фæндыд адæмæн исты хорздзинад саразын

Дыгурон поэзийы æнуcон стъалы!». Афтæ схуыдтой фыссæг, ахуыргæнæг Хидирты Ехйайы сфæлдыстадимæ баст конкурс. Арæзт æрцыд Лескены культурæйы хæдзары. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Хидирты Ехйайы фыстытæ иу хатт кæй хъустыл æруайой, уый сæ зынтæй ферох кæндзæн. Ехйа йæхи удыл нæ хъуыды кодта, фæлæ йæ алкæддæр фæндыд адæмæн исты хорздзинад саразын. Йæ алы къахдзæф дæр баст уыд мадæлон æвзаг зонынимæ, уарзынимæ, стæй фыдыбæстæйæн аргъ кæнынимæ. Йæ номарæн мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæстондæр хабæрттæ Сосанты Жаннæйы сюжеты.

Адæймагæн йæ ном сæнусон кæнынц йæ фæллæйттæ, йæ рæдау уды конд. Ирыстоны, уæлдайдæр та Æрæфы районы æнæзонгæ чи нæу, уыцы Хидирты Ехйайы ном дарддæр кæнынц йæ фыст рæнхъытæ. Уыцы хъуыдыйы æцæгдзинадæн дæнцæг уыд йæ номыл Лескены цы сфæлдыстадон конкурс «Дыгурон поэзийы æнуcон стъалы!» сарæзтой, уым цы бирæ скъоладзаутæ бацархайдта, уый. «Дыгурон поэзийы æнуcон стъалы!», афтæ схуыдтой мадзал йæ саразджытæ. Уæвгæ Хидирты Батарбег æмæ Зурмæханы фырт Ехйай афтæ хонынц, Лескены цæрджытæ, йæ хиуæттæ æма сфæлдыстады кусджытæ.

Конкурс арæзт æрцыд дыууæ къæпхæнæй. Архайдта дзы 60 сывæллонæй фылдæр.Се хсæн Дыгурон æвзаг сæ мадæлон кæмæн нæу, ахæмтæ дæр.

Финалмæ цы фынддæс адæймаджы рацыд, уыдоны арæхстдзинадæн та аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ. Се хсæн фысджытæ, ахуыргæндтæ, Æрæфы районы Стыр Ныхасы минæвæрттæ.

Конкурсы архайджытæм байхъусгæйæ жюрийы уæнгтæ, скодтой хатдзæгтæ.

Мадзалы архайджытæ иуы хуызæн арфæ кодтой йæ саразджытæн, уæлдайдæр та Хидирти Ехйай æфсымæры фырт Хидирты Валерийæн. Йæ хъæппæрисæй, конкурсы æппæт архайджытæн дæр лæвæрд æрцыд æхцайы премитæ, чингуытæ, кады гæххæттытæ æмæ майдантæ.

Хидирты Ехйайы царды фæндаг кæд æнцондæртæй нæ уыд, кæд ын нæ бантыст хи бинонтæ саразын, уæддæр ын йæ хиуæттæ, стæй скъолайы кусгæйæ йæ зоныныдзинæдтæй цы фæлтæртæ фæхайджын кодта, уыдон йæ бирæ фæллæйттæ æмæ йæ ном рох кæнын нæ уадзынц.

Хидирты Ехйайы фыст æрмæджытæ рацыдысты хицæн чингуытæй: «Адани фарна» «Есе» «Уазай буни»,«Цæргæси Астъонæ». Конкурс «Дыгурон поэзийы æнуcон стъалы!»-йы фæрцы та сæ фæлтæртæ кæрæдзимæ дæтдзысты. Мадзалы аивдзинадыл та зæрдиагæй бацархайдтой Лескены культурæйы хæдзары, æмæ Хидирты Ехйайы номыл библиотекæйы кусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania