Архайынц дзы, скъолаты сæрдыгон лагерьты хъомылгæнинæгтæ
Дзæуджыхъæуы хæринаггæнæн комбинат аразы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ сывæллæттæн. Архайынц дзы, скъолаты сæрдыгон лагерьты хъомылгæнинæгтæ. Мадзалы цæттæ кæнынц пиццæтæ æмæ адджын гуылтæ. Æдæппæтæй сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг комбинат суазæг кæндзæн горæты 25 лагерæй сывæллæтты. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Колпактæ æмæ раздарæнтæ. Ахæм сæрмагонд уæлæдарæсы æрыгон хæринаггæнджыты отряд райста кулинарон рад. Дзæуджыхъæуы хæринаггæнæн комбинаты цехы цæттæ кæнынц сæ уарзон хæринæгтæ.
Джусойты Давид пиццæ фыццаг хатт нæ цæттæ кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй хæринаг кæнын уарзы, уымæ гæсгæ дæсныйадæвдисæг ахуыры зæрдиагæй архайы.
Джусойты Давид: «Фыццаг хыссæ райстам, æртъæпæн æй кодтой, соусæй йæ байсæрстон, къалбас ыл сæвæрдтон, цыхт ыл æркодтон æмæ йæ ныр хъæуы сфыцын».
Пиццæты фыццаг парти пецы сæвæрдтой, сыхаг стъолыл та цæттæ кæнынц адджын гуылтæ. Сывæллæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хи къухтæй хæринаг кæнын, уæлдайдæр та хæлæрттимæ иумæ, цымыдисаг у.
Дæсныйадæвдисæг ахуыр сывæллæттæн сарæзта Дзæуджыхъæуы хæринаггæнæн комбинат. Ацы хъуыддаджы бацархайыны фадат уыдзæн горæты 25 скъолайы лагеры хъомылгæнинæгтæн. Куыстуаты разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ пайдайаг сты æрмæст сывæллæттæн нæ, фæлæ комбинатæн дæр.
Ахæм акцитæ ма сывæллытты ахуыр кæнынц хойрæгæн аргъ кæныныл.
Бадриаты Ингæ, Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы ахуыргæнæг: «Куы кæсай, уæд бирæ сывæллæтты къæбæр нал фæхъæуы, æмæ йæ кæмфæндыдæр аппарынц. Хъуамæ зоной, цавæр фыдæбæттæ кæнынц адæм, цæмæй сæм уыцы къæбæр се стъолмæ бахæццæ уа, уый тыххæй».+ «Сывæллæтты тынг фæндыдис базонын, хæринаг сын кæцæй фæхæссынц, уый. 30 сывæллоны æрбакодтам, цæмæй сæхи цæстæй феной, сæ пиццæтæ æмæ адджын гуылтæ куыд кæнгæ сты æмæ сæ кæм кæнынц, уый. Сæ зæрдæмæ тынг цæуы, тынг разæнгардæй бавнæлдтой, æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй бахæрой сæхи конд хæринæгтæ».
15 минутмæ пиццæтæ цæттæ сты, ноджыдæр 10 минуты æмæ хæрзад гуылты адджын тæф апарахат цехы.
Ахадгæ фæллойы фæстæ та – фæллад суадзыны фадат. Тæвд цехæй рацæугæйæ, сывæллæттæн æхсызгонæй байуæрстой сæлдæгтæ.




