23 июня 2022, 13:46
Æрыдоны районы дарддæр арæзт цæуы Дзæуджыхъæу -Æрыдон – Цыкола – Лескен-2-йы фæндаджы арæзтад
Ныридæгæн эксплуатауцийы лæвæрд æрцыд уаццаджы райдиан
Æрыдоны районы дарддæр арæзт цæуы Дзæуджыхъæу -Æрыдон – Цыкола – Лескен-2-йы фæндаджы арæзтад. Ныридæгæн эксплуатауцийы лæвæрд æрцыд уаццаджы райдиан. Уыцы фæндаг бæтты Кировы æмæ Мичурины хъæутæ. Ацы азы кæронмæ ма, национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ, хъуамæ куыстытæ конд æрцæуой электрон тыхдæттæг телтæ æмæ газуадзæн хæтæлтæ æндæр ранмæ рахæссыныл. Абоны онг объектмæ баластой 100 мин кубометрæй фылдæр змис æмæ хуыр æмхæццæйæ. Уымæй дарддæр куыстытæ цæуынц дондзæуæн хæтæлтæ сæвæрыныл.
темæмæ гæсгæ




