Уый йæ цард снывонд кодта йæ уарзон адæмæн
Ирыхъæуы астæу байгом цыртдзæвæн Гуырцъыты Пипойæн. Уый йæ цард снывонд кодта йæ уарзон адæмæн. 19-æм æнусы кæрон рын куы сыстад, уæд Пипо æнæвгъауæй æххуыс кодта цæрджытæн. Уæрста хæринæгтæ рынчынты хæдзæрттыл, æхсæвæй бонæй зæрдиагæй куывта Хуыцаумæ. Куырдта, цæмæй ирон адæм фервæзой ацы æгъатыр низæй. Лæгтыдзуар Пипойæн фыны загъта, Хыцау ын йæ куывдтытæ цы бон айса, уыцы бон йæхæдæг йæ цардæй ахицæн уыдзæн, зæгъгæ. Афтæмæй рын фесæфти Иры хъæуæй, Пипойы цæст та рухс нал федта. Цæмæй ацы сыгъдæгзæрдæ адæймаджы ном ма ферох уа, ууыл æнтыстджынæй бакуыстой æхсæнадон змæлд «Иудзинад» – ы уæнгтæ æмæ Гуырцъыты мыггаджы фæсивæд. Уыдонæн бар лæвæрд æрцыд цыртдзæвæн байгом кæнын дæр. Йæ автор у скульптор Дзукъаты Никъала. Мадзалмæ саккаг кодтой республикæйы Хицауады минæвæрттæ, «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ. Уыдон Пипойы тыххæй ракодтой бирæ зæрдиаг ныхæстæ. Сæвæрдтой дидинджытæ йæ цыртдзæвæныл. Гуырцъыты Пипойы рухс ном æнусты цæрдзæн ирон адæмы зæрдæты.




