30 июня 2022, 12:23
Ирон чъиритæ – туристты хсæн æппæтæй уазондæр æмæ парахатдæр хойраг
Ахæм хатдзæгмæ æрцыдысты, сервис Tvil.ru цы æрфарст сарæзта, уый фæстæ
Ирон чъиритæ – туристты хсæн æппæтæй уазондæр æмæ парахатдæр хойраг. Ахæм хатдзæгмæ æрцыдысты, сервис Tvil.ru цы æрфарст сарæзта, уый фæстæ. Архайдтой дзы социалон хызтæй пайдагæнджытæ. Ирон чъиритæ æрæмбырд кодтой хъæлæсты 17 проценты, æмæ рейтинджы бацахстой 2-аг бынат. Фылдæр хъæлæстæ разынди Хъырымы æмæ Кубаны сæнтæ – 34 проценты. 3-аг бынатмæ рацыдис Карелийы балер кæсаг, уымæ та уыди хъæлæсты 15 проценты.
темæмæ гæсгæ




