филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:15 воскресенье, 01 февраля 2026
05 июля 2022, 11:41
Цæгат Ирыстоны сæ тæмæны сты бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы куыстытæ

Бæстыхæйтты риссагдæр фарста у – хæдзæртты сæрты уавæр

Цæгат Ирыстоны сæ тæмæны сты бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы куыстытæ. Бæстыхæйтты риссагдæр фарста у – хæдзæртты сæрты уавæр. Бирæтæ сæ иу хатт дæр ивд нæ уыдысты. Беслæны æмæ Мæздæджы куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Бирæ азты Беслæны Сабырдзинады уынджы 1-æм бирæфатерон хæдзары сæры уавæр тыхсын кодта цæрджыты. Шиферæй æхгæд æмбæрзæн рагæй нал бæззыд. Хайгай-иу æм базылдысты. Ныр æй бындурон цалцæджы программæмæ гæсгæ снывыл кодтой.

Вентиляцион каналтæ специалисттæ сæхгæдтой хызæгæй (сеткой) – бæлæттæ ардæм нал бахаудзысты. Хæдзары сæр ивыны куыстытæ æххæстгонд цыдысты 2 мæйы. Бындурон цалцæджы фонды минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй цалцæджы фæстæ ацы хæдзары фиддонтæ æмбырд кæныны хъуыддаг зынгæ фæхуыздæр. Иннæ аз фæнд кæнынц æддаг бакастмæ базилын.

Мæздæджы бындурон цалцæджы фæстæ цæттæ сты 3 бирæфатерон корпусы. Аразæг Павел Редькины хъуыдымæ гæсгæ, хæдзæрттæн нырыккон, хæрзхъæд æрмæджыты фæрцы радтой дыккаг цард.

Октябры 50 азы уынджы, 46-æм хæдзар арæзт æрцыд 68-æм азы. Уæдæй фæстæмæ бындуронæй цалцæггонд никуы уыд, зæгъынц цæрджытæ. Хæдзары сæры уавæр сын бирæ зындзинæдтæ æвзарын кодта. Ныр уæллаг уæладзгуыты фатертæн къавдатæй тас нал у.

Бындурон цалцæджы фонды минæвæрттæ æмбарын кæнынц, организацийы бындурæвæрæг у цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад. Фиддонтæ сты коммуналон æнæмæнг фиддонты хыгъды. Фæстаг рæстæг адæм ацы лæггадæн хуыздæр фидын райдыдтой. Зæгъæм, 18-æм азы сæмбырд кодтой 80 милуан сомы.

Ацы аз фонд хъуамæ сцалцæг кæна 47 бирæфатерон хæдзары. Уыдонæй дæс объекты куыстытæ ныридæгæн фесты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania