07 июля 2022, 11:48
Монополиты ныхмæ Федералон службæйы специалисттæ бæрæг кæнынц газы артаджы æргъты æмвæзад
Ивгъуыд аз августы, артагимæ зындзинæдтæ куы сæвзæрд, уæд метаны аргъ нæ бæстæйы цæхгæр сырæзт 35 сомы онг
Монополиты ныхмæ Федералон службæйы специалисттæ бæрæг кæнынц газы артаджы æргъты æмвæзад. Ивгъуыд аз августы, артагимæ зындзинæдтæ куы сæвзæрд, уæд метаны аргъ нæ бæстæйы цæхгæр сырæзт 35 сомы онг. Фæлæ афæдзы мгъуыдмæ уавæр банывыл, æмæ февралы артаджы аргъ æрхауди 22 сомы онг. Уыимæ сыхаг регионты аргъ дарддæр къаддæргæнæг цæуы. Уый нæй зæгъæн мах республикæйæ. Уымæй хъаст кæнынц цæгатирыстойнаг шофыртæ. Амалхъом адæм хъуамæ бæлвырд зоной, артаджы аргъы экономикон аххосаг. Монополиты ныхмæ службæйы кусджытæ та зæгъынц, артаджы аргъ хъуамæ æмхуызон ма уа. Уый фадат дæтты амалхъом адæмы хсæн ерысхъомдзинадæн.
темæмæ гæсгæ




