12 июля 2022, 10:29
Цæгат Ирыстоны мотоциклисттæ се вæрæн бахастой æппæтадæмон акци «Волна памяти»-мæ
Афтæмæй æрымысыдысты, чи фæмард, уыцы хæлæртты рухс ном
Цæгат Ирыстоны мотоциклисттæ се вæрæн бахастой æппæтадæмон акци «Волна памяти»-мæ. Афтæмæй æрымысыдысты, чи фæмард, уыцы хæлæртты рухс ном. 70 байкерæй фылдæр акцийы фæлгæты архайдтой Мæхъæлы республикæйæ тырыса райсыны процессы. Уый фæстæ йæ радтой Кæсæг-Балхъары республикæмæ. Ахæм хуызы тырыса хъуамæ æрзила æнæхъæн Уæрæсейы хуссайраг хайыл. Кæронбæттæн бынат ын уыдзæн Сочийы. Акци арæзт цæуы ныр 11-æм хатт. Ацы аз дзы архайынц Уæрæсейы 11 горæты. Уæвгæ та акцийы маршрут фæуыдзæн Владивостокы, æдæппæтæй аххæсдзæн 48 мин километрыл.
темæмæ гæсгæ




