филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:53 воскресенье, 01 февраля 2026
19 июля 2022, 17:19
Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыд Бæгъиаты Аланимæ стæй Еналдыты Хъазыбегимæ

Æрныхас кодтой ирыстойнаг æхсæнадтимæ æмæ диапсортæимæ æмгуыстадыл

Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыд национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Аланимæ, стæй æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазыбегимæ. Æрныхас кодтой ирыстойнаг æхсæнадтимæ æмæ диапсортæимæ æмгуыстадыл. Æппæтæй стырдæртæ сты Мæскуыйы æмæ Санкт-Петербурджы. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй иумæйаг æнгом æмгуыстад кæнын у тынг ахсджиаг. Ахæм куыст фæрцы, сæ йæ райгуырæн бæстæйæ дард чи цæры, уыцы æмзæххонтæ кæрæдзимæ кæнынц хæстæгдæр. Иннæмæй та ма Ирыстоны хорзы кой дæрдтыл айхъуысы. Ирыстойнаг æхсæнадтæ хъуыстгонд сты дохтыртæй, наукæйы æмæ культурæйы архайджытæй, стæй спортсментæй. Ахсджиагдæр къæпхæнтæй иу у фæсивæдимæ куыст. Активон æмæ курдиатджын лæппутæ æмæ чызджытæ архайынц æхсæнадон æмæ культурон царды. Кæнынц волонтерты куыст, – загъта премьер. Фембæлды ма ныхас цыд æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхасы» радон дзуапдæттæн-æвзарæн съездмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. Арæзт æрцæудзæн октябры. Архайдзысты дзы куыд районты делегаттæ, афтæ иннæ регионты æмæ фæсарæйнаг диаспорæты минæвæрттæ дæр. Еналдыты Хъазыбег та ма фехъусын кодта – Майрæмададжы Суаргом хъахъхъæнджытæн цыртдзæвæн сæвæрыны тыххæй хъæппæрис. Уымæй дарддæр Мæздæджы арæзт æрцыд фысджыты аллея. Байгом æй кодтой 15-æм июлы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania