Сæрмагондæй та – Хъантемыраты Алыбеджы æмæ Леоновы уынгтыл фæзтæ
«Адæмон фронт» сбæлвырд кодта Дзæуджыхъæуы цæрджыты цы æдзæллаг территоритæ тыхсын кæнынц, уыдон дæр. Сæрмагондæй та – Хъантемыраты Алыбеджы æмæ Леоновы уынгтыл фæзтæ. Активисттимæ æркæсинаг æмæ фарстайаг объектты уыдис Хъайтмазты Дзерассæ дæр.
Ацы фарста Хъантемыраты Алыбеджы уынджы 6-æм хæдзары цæрджыты фыццаг аз нæ тыхсын кæны. Адæм хъуыды кæнынц, раздæр ацы бынаты сывæллæтты рæвдауæндон куы уыд, уыцы рæстæг. Цыдысты йæм сабитæ æппæт хæстæг районтæй. Уый фæстæ, загътой цалцæг кæнынмæ йæ кæй æхгæнынц, сывæллæтты раивтой æндæр рæвдауæндæттæм. Фæстæдæр ам байгом Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банчы офис. Фæкуыста 19 азы. 2 азы размæ уый дæр æндæр ранмæ ахастой. Бæстыхай фехæлдтой. Ныр йæ бынаты хæмпæлтæ æмæ алыхуызон бырæттæ.
Цæрукъаты Азæ, Дзæуджыхъæуы Хъантемыраты Алыбеджы уынджы 6-æм хæдзары цæрæг: «Куы йæ хæлдтой бæстыхай, уæд сывæллæттæ цин кодтой, махæн дзы хъазæн фæз араздзысты, зæгъгæ. Цал азы рацыдис, хъазæн фæзæн йæ кой дæр нæй».
Цæрджыты фæнды, цæмæй ацы æдзæллаг территорийы бынаты фæзына фæлладуадзæн зонæ æмæ сывæллæттæн хъазæн фæз. Объект саив кæныны курдиат лæвæрдтой алы кусæнуæттæм, фæлæ уавæр нæ ивы. Фарста сбæлвырд кæныныл ныр бацархайдзысты «адæмон фронты» минæвæрттæ.
Леоновы уынджы 5-æм хæдзары дæр ахæм уавæр. 4 азы размæ ам фехæлдтой кæлæддзаг бирæуæладзыгон хæдзар. Йæ бынаты хъуамæ сарæзтаиккой ног, бауагътой ма коммуникацитæ дæр, фæлæ 2 азы бæрц æндæр ницавæр куыстытæ уал æххæстгонд цæуынц. Кæрдæджы хæмпæлтæ, арæзтадон æмæ æндæр бырæттæ, зæронд бетон къæйдуртæ. Арæх æмбылынц кæлмытæ æмæ уырытæ. Уыимæ ацы бынатмæ хæстæг ис сывæллæтты рæвдауæндон æмæ спортивон фæз.
Куыдзойты Игорь, Дзæуджыхъæуы Леоновы уынджы 5-æм хæдзары цæрæг: «Чидæриддæр цæуы ацылты, иууылдæр сæ бырон ардæм калынц. Уым пыхсытæ ис, æмæ нæ зынынц, зæгъгæ. Кæлмытæ дæр дзы ис. Гыццыл дарддæр ис рæвдауæндон. Уыцы калм уырдæм дæр бабырдзæн. Сывæллоныл куы фæхæца, уæд чи дæтдзæн дзуапп».
Ацы фарста дæр адæмон фронты активисттæ сæхицæн снысан кодтой.
Æхсæнадон архайджытæн бантысдзæн дзуапп райсын æви нæ, уый фæстæдæр сбæрæг уыдзæн. Ныр ма та уал адæмы хъæуы быхсын ахæм уавæрæн.




