филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:52 воскресенье, 01 февраля 2026
21 июля 2022, 10:44
Ацы бонты 100 азы сæххæст Советон Цæдисы хъæбатыр Махъоты Алиханы райгуырдыл

Цыколайаг хуымæтæг зæхкусæджы бинонты схъомыл кæнгæйæ, Алихан разынд стыр ныфсы æмæ лæгдзинады хицау

Ацы бонты 100 азы сæххæст Советон Цæдисы хъæбатыр Махъоты Алиханы райгуырдыл. Цыколайаг хуымæтæг зæхкусæджы бинонты схъомыл кæнгæйæ, Алихан разынд стыр ныфсы æмæ лæгдзинады хицау. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты равдыста æгæрон хъæбатырдзинад. Уымæн дæнцæг – Белоруссаг фронты 5-æм мысанæхсæн дивизийы командæгæнæг кæй сси, уый. Кæд бирæ азтæ нæ фæцард, уæддæр ын бантыст йæ ном сæнусон кæнын. Æрымысыдысты йæ йæ райгуырæн хъæу Цыколайы. Уым арæзт æрцыд кадджын номарæн мадзал. Хуынд æм æрцыд не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Ирон адæймаг кæддæриддæр сæрыстыр уыд йæ Райгуырæн бæстæйæ æмæ йæ æппынæдзух цæстыгагуыйау хъахъхъæдта. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Ирыстоны фæсивæд равдыстой æгæрон хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад. Æмхуызонæй сыстадысты знаджы ныхмæ. Уæлдай сгуыхтдзинад чи равдыста, уыдоны хсæн уыд Цыколайаг лæппу Махъоты Алихан.

Сагкаты Артур, Цыколайы хъæуы хицау: «Махъоты Амырханы фырт Алихан Цыколайы хъæубæстæн скодта кадджын ном. Хъæугæ заманы бирæ адæмтæ равдыстой лæгдзинад æмæ се хсæн иу уыд Махъоты Алихан. Абон дæр ма дзы нæ кæстæртæ сæрыстыр сты. Абон ын мысæм йæ 100 аз. Йæ цардæй æгæр раджы ахицæн, фæлæ йын йæ ном абон дæр ма хъуыды кæнæм».

1942 азы, январы ацыд фронтмæ пулеметон взводы командæгæнæгæй. Хæсты кæрæй-кæронмæ хæцыд 295 мысанæхсæн дивизийы. Уым архайгæйæ йын бантыст йæ райгуырæн Цыкола дæр бахъахъхъæнын.

Лагкуыты Омар, Æрæфы районы бынæттон администрацийы сæргълæууæг: «Абон Цыколайы кадджын уавæры бæрæг кæнæм нæ хъайтары райгуырды 100 азы. Бирæ адæм æрбамбæлдысты Цыколамæ, цæмæй бæрæгбон срæсугъд кæной. Хистæрæй – кæстæрмæ стыр æгъдау дæттæм нæ кадджын хъайтарæн. Йе сгуыхтдзинæдтæн ын Советон Паддзахады дæр скодтой стыр аргъ. Радтой ын хъайтары ном советон цæдисы. Уымæй уæлдай ма йын уыд бирæ майдантæ. Мах хъуамæ ахæм хъайтарæй нæ сæр бæрзонд хæссæм æмæ йын аргъ кæнæм».

Махъойы фырт авд хатты фæцæф, фæлæ уæддæр йæ хъуыддаг æрдæгыл нæ ныууагъта. Йæ райгуырæн Цыколайы йæ зонынц куыд хистæртæ, афтæ кæстæр фæлтæр дæр. Æмæ дзы зæгъынц, зæрдæхæлар, адæмуарзаг æмæ хъæбатыр лæг кæй уыд, уый.

Махъоты Алихан кæддæриддæр сæрыстыр уыд йæ Фыдыбæстæйæ. Кæд йæ царды фылдæр хай цард стыр горæты, уæддæр æй фæндыд, цæмæй йæ æнусон бынат уа йæ уарзон Цыколайы, æфсымæрон ингæны, Фыдыбæстæ цы мбæлттимæ хъахъхъæдта, уыдоны цур.

Цыколайы кадджын уавæры сбæрæг кодтой Махъоты Алиханы райгуырды 100 азы юбилей. Мадзалы фыццаг хайы  æфсымæрон ингæны Махъойы фырты цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Цыколайы фæсивæд æрхъуыды кодтой Алиханы ном æмæ скуывтой, цæмæй Ирыстоны ахæм хъæбатыртæ фылдæр уой. Мадзалы дыккаг хайы та культрæйы галуаны йæ номыл скодтой концерт. Зарыдысты, кафыдысты æмæ кастысты Махъоты Алиханыл фыст æмдзæвгæтæ.

Хуасдзауты Тазрет, Æрæфы районы стыр ныхасы сæрдар: «Махъоты Алихан нæхи горæты каст фæци фистæгæфсæддон училищæ. Радтой йын кæстæр лейтенанты цин. Гитлеры салдæттæ куы рбырстой, уæд сæ советон æфсæддонтæ Æхсæрысæрмæ дæр не суагътой».

Мах райгуырдыстæм æмæ цæрæм сабыр арвы бын. Хæст нын у истори. Рæстæг цæуы, фæлæ нæ хъæбатырты нæмттæ рох никуы уыдзысты. Махъоты Алиханы хæстон царды мысинæгтæ зонынц кæстæр фæлтæр  æмæ сæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц.

Цориты Ирмæ, директоры хæдивæг хъомыладон фарстаты фæдыл: «Абон бæрæг кæнæм кадджын бæрæгбон. Не мхъæуккаг Махъоты Алихан у Советон цæдисы хъайтар. Хæрзæрыгон лæппу уæвгæйæ равдыста стыр лæгдзинад».

Кадджын хистæр æмæ ныфсхаст хъæбатыр Махъоты Алиханы номыл Цыколайы ис скъола æмæ бульвар. Уæвгæ, зæххыл æнæмæлгæ ницы ис, фæлæ хъæбатырты ном цæры æнустæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania