филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:34 воскресенье, 01 февраля 2026
25 июля 2022, 10:46
Фыццаг къæпхæны инвалид Светлана Чен рады лæууыд цæрæнуат райсынмæ, фæлæ йæ радæй систой йæ фыдæн хæдзар кæй ис, уымæ гæсгæ

Уыцы хæдзары Светланæ нæ цæры æмæ дзы регистрацигонд нæу, уыимæ ма бæстыхайы цæрынæн уавæртæ дæр нæй

Фыццаг къæпхæны инвалид Светлана Чен рады лæууыд цæрæнуат райсынмæ, фæлæ йæ радæй систой йæ фыдæн хæдзар кæй ис, уымæ гæсгæ. Уыцы хæдзары Светланæ нæ цæры æмæ дзы регистрацигонд нæу. Уыимæ ма бæстыхайы цæрынæн уавæртæ дæр нæй. Ацы дисыфтауæг историйы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Светлана Чен у фыццаг къæпхæны инвалид. Чызгыл 10 азы куы цыд, уæд фæндаггон фыдбылызы бахауд, йæ къæхтæ хъыгдард баййæфтой æмæ ныр ис инвалиды креслойы. Ныййарджыты сæ чызджы аирвæзын кæнынæн бахъуыд сæ хæдзар ауæй кæнын. Уæдæй фæстæмæ бинонтæ цæрынц æххуырст цæрæнуæтты.

Афтæ, 20 азы фæстæ, Светланæйы ныййарджыты æмæ йæ фырты радæй систой. Мартъийы райста фыстæг, йæ курдиат субсиди райсыны тыххæй арæзтады министрадмæ æрвыст кæй æрцыд. Фæлæ уый фæстæ æрбацыд æндæр документ.

Луковскæйы сæргълæууæджы хæдивæг Игорь Стародубцев фидарæй загъта, администрацийы минæвæрттæй Мирон Чены аразæг хæдзармæ кæй ничи цыдис, æмæ йын йæ уавæр ничи бæлвырд кодта.

Бетон къултæ, æмæ цæрынæн ницавæр уавæртæ. Мирон Чен ацы хæдзар арæзта 20 азы бæрц. Цалынмæ фадæттæ уыдис, уæдмæ скодта къултæ æмæ бæстыхайы сæр, уый фæстæ пенсимæ рацыд æмæ хæдзар дарддæр аразыны гæнæнтæ нал уыд.

Ацы уынгыл доны хæтæл нæ цæуы, донмæ цæуын хъæуы цъаймæ, нæй дзы газ дæр. Хæдзары цæрæн кæд уыдзæн, уый бæрæг нæу. Бæстыхай Светланæйыл регистрацигонд нæу, фæлæ йын цæмæдæр гæсгæ субсиди ма радтыны уынаффæ уый тыххæй рахастой.

20 азы æнхъæлмæ каст ницавæр хатдзæг радтой. Бинонты пенси хардзгонд цæуы æххуырст цæрæнуатæн фидыныл, хæдзар кæронмæ саразыны фадат нæй, фæлæ дзы ахæм хуызы цæрын дæр нæй. Æмæ уавæр куыд аива, уый Светланæ нæ зоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania