Тыхджын дымгæ систа адæмы хæдзæртты сæртæ, ныппырх кодта бырутæ, афæлдæхдта бæлæстæ
Куыд ма загътам, афтæмæй æрдзон фыдбылыз бахъыгдæрдта республикæйы цалдæр районы. Тыхджын дымгæ систа адæмы хæдзæртты сæртæ, ныппырх кодта бырутæ, афæлдæхдта бæлæстæ. Хъыгагæн, æрцыд фыдбылыз. Дымгæ систа бирæуæладзыгон хæдзары сæр æмæ æрхауди зæхмæ. Йæ быны фæци бынæттон ацæргæ нæлгоймаг, æмæ нал аирвæзти. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Золойты Риммæйæн тыхджын дымгæйæ æрмæст йæ цæхæрадон хъыгдард нæ баййæфта, ныппырх сты йæ садзæнтæ, фехæлд хæдзары къул.
Мустыздæхы дымгæ арæх вæййы, фæлæ ахæм тыхджын, бынæттон цæрджытæ рагæй нæ федтой. 10 минутмæ ныппырх сты хæдзæртты сæртæ, атыдтой электрон тыхдæттæг телтæ. Ам цæрынц 6 адæймагæй бинонтæ – ныййарджытæ æмæ 4 скъоладзауы. Кæртмæ бахауæн нæй – профнастилæй быру ныппырх æмæ бацæуæн æхгæд æрцыд. Хъæдохты Эльбрус уыцы бон сæхимæ уыд. Куыд зæгъы, афтæмæй дымгæ хæдзары сæр систа æмæ йæ сыхæгты цæрæнуаттыл æрæппæрста. Тæрккъæвда уайтагъд дыккаг уæладзыг донæй байдзаг кодта.
Цæллаты бинонтæ дæр ахæм уавæры бахаудысты. Хæдзары сæр цалдæр минутмæ цæхæрадоны балæууыд. Гипсокартонæй цар æрхауд, ламинат сдымст. Ныр хæдзар у цалцæггæнинаг.
Горæтгæрон районы нысангонд æрцыд æнæнхъæлæджы уавæры фæтк. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Октябрьскæйы бастдзинады æмæ электрон тыхдæттæг телтæ атыдтой, дымгæ систа фатерты æмæ хæдзæртты сæртæ. Сæрмагонд службæтæ æмæ цæрджытæ иумæ сыгъдæг кодтой кæртытæ фæлдæхт бæлæстæй.
Хъыгагæн, æрцыд фыдбылыз. Тыхджын дымгæ систа бирæуæладзыгон хæдзары сæр æмæ æрхауди зæхмæ. Йæ быны фæци бынæттон ацæргæ нæлгоймаг, æмæ нал аирвæзти.
Ацы хъуыддаг сбæлвырд кæндзæн Слестгæнæн комитет.
Уæллаг уæладзгуыты цæрджытæ æхсæв арвыстой арвы бын. Къæвда райсоммæ не рлæууыд, дон хъардта фыццаг уæладзыджы онг. Æрдзон фыдбылыз бахæццæ Æрыдоны районмæ дæр. Хъæдгæрон баззад æнæ газæй æмæ электрон тыхæй. Хъыгдард бæййæфтой скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндон.
Æрдзон фыдбылыз цы зиан æрхаста республикæйы районтæн, уый сбæрæг кæныныл архайынц специалисттæ.




