Рауагъды фæрцы базонæн ис Хизиры цардвæндаджы æмæ йе фсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй
Дзæуджыхъæуы уыд хуызистыты альбом «Гулуты Хизир. Уæлахиздзау»-ы презентаци. Арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветераны ном ссарынæн. Рауагъды фæрцы базонæн ис Хизиры цардвæндаджы æмæ йе фсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй. Æххæст у Гулуты бинонты архивæй ист хуызистытæй æмæ фыстæджытæй. Альбомыл бакуыста рауагъдад «Ир» мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты æмархайдæй. Гулуты Хизир фронтмæ бахауд 15-аздзыд лæппуйæ. Архайдта Кавказы тохы, уæгъд кодта Краснодар, Хъырым æмæ Украинæ. Йе фсæддон æнтыстдзинæдты тыххæй хорзæхгонд æрцыд Сырх Стъалыйы, стæй Фыдыбæстæйы хæсты 1-æм æмæ 2-æм къæпхæны ордентæй. 2019-æм азы йын лæвæрд æрцыд «Ирыстоны Намысы» орден. Разамынд лæвæрдта Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы районы ветеранты Советæн.




