Семæ уыдысты автомобилистты æппæтуæрæсеон æхсæнады регионалон хайады минæвæрттæ æмæ Æдасдзинады мобилон лабораторийы эксперттæ
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ бабæрæг кодтой Алагиры сывæллæтты сæрдыгон лагерь. Семæ уыдысты автомобилистты æппæтуæрæсеон æхсæнады регионалон хайады минæвæрттæ æмæ Æдасдзинады мобилон лабораторийы эксперттæ. Рæзгæ фæлтæрæн радзырдтой фæндаггон змæлды æдасдзинады тыххæй. Сæрмагондæй та, фæндæгтыл, ахизæнтыл æмæ æхсæнадон транспорты хи дарын куыд хъæуы, стæй автотранспорты сывæллæттæн хæцæнты æмæ сæ æнæмæнг пайда кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй. Сæ зæрдыл сын æрлæууын кодтой, фæндаджы сæрты хизгæйæ кæй нæй пайда кæнын чырæ телефонæй, уæлдайдæр та къæрмæджыты фæрцы музыкæмæ хъусын. Лæмбынæг æрдзырдтой, велосипедыл цæугæйæ, адæймаг хъуамæ сæрмагонд хъахъхъæнæн фæрæзтæй æххæст кæй уа, ууыл дæр. Теорийы фæстæ æдасдзинады лабораторийы эксперттæ сывæллæттæн практикæйыл равдыстой, фæндаггон æгъдæуттæ куыд æххæст кæнын хъæуы, уый. Ахæм профилактикон куыст æххæстгонд цæуы иннæ лагерьты дæр.




