филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 воскресенье, 01 февраля 2026
05 августа 2022, 10:15
Дзасохты Музаферы 85 азы юбилейы кадæн рухс федта йæ чиныг «Кары бæрзæндæй»

Йæ презентаци арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы

Фыссæг, публицист æмæ прозаик Дзасохты Музаферы 85 азы юбилейы кадæн рухс федта йæ чиныг «Кары бæрзæндæй». Йæ презентаци арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы. Чиныг саразыныл бакуыста Дзуццаты Зæлинæ. Йæ фæллойы æрæмбырд кодта Музаферы царды хабæрттæ бæлвырдæй. Литературон æмбырдгонд арæзт у цалдæр хайæ. Схуыдта сæ: цæстуарзонæй, иуфарсæй кæсгæйæ, фæрстытæ æмæ дзуæппытæ, сыгъдæгзæрдæйæ. Ис ма дзы фыстæджытæ, арфæтæ æмæ хорзæхтæ. Хицæн ныхасы аккаг сты Дзасохты Музаферы чингуытæ æмæ тæлмацтæ. Адæмон фыссæг йе мкусджыты тыххæй цы ныффыста, уыдон дæр чиныджы цымыдисæй бакæсæн уыдзæн. Йæ тираж у 500 экземпляры. Йæ сæргонд «Кары бæрзæндæй» хуымæтæджы нæу. Музафер куыд зæгъы, афтæмæй адæймаг куы ацæры, уæд бæрзæндмæ схизы йæ азтæм кæсгæйæ. Уыцы бæрзæндæй фæстæмæ акæсы æмæ йæ цардыл афæлгæсгæйæ йæ бафæнды, йæ зæрдæйы цы баззад, уыдон адæмы размæ рахæссын.

Дзасохты Музафер, РЦИ-А адæмон фыссæг: «Уыцы чиныджы аивадон уацмыстæ нæй, фæлæ мæхæдæг цæрæнбонты ме мсис фысджыты тыххæй цы рецензитæ ныффыстон, уыдон, стæй мын мæхи тыххæй дæр цы загътой æмæ цы ныффыстой, уый. У, мæ царды хабæрттæ бæлвырдæй æвдыст кæм æрцыдысты, ахæм чиныг. Стыр бузныг зæгъын чиныг рауадзыныл зæрдиагæй Тамерлан кæй бацархайдта, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania