филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:52 воскресенье, 01 февраля 2026
10 августа 2022, 11:03
Дзæуджыхъæуы харбыз уæй кæнынц 50 бынатæй фылдæры

Уарзон сæрдыгон гагадыргъы хæрздхъæддзинадæн дзуапп чи дæтты, æмæ уæйгæнджытæм цавæр домæнтæ ис

Традицимæ гæсгæ, харбыз æппæтæй арæхдæр августы фелхæнынц. Дзæуджыхъæуы йæ уæй кæнынц 50 бынатæй фылдæры. Уарзон сæрдыгон гагадыргъы хæрздхъæддзинадæн дзуапп чи дæтты, æмæ уæйгæнджытæм цавæр домæнтæ ис.

Се ппæтæн уарзон гагадыргъæй сæрды чи нæ ацаходдзæн, ахæмтæ бирæ нæй. Республикæйы харбызты сезон йæ тæмæны ис. Уæй сæ кæнынц бирæ рæтты. Харбыз равзарын цæрджытæн бæрнон хъуыддаг у. Дыргъ æрмæст хæрзад хъуамæ ма уа, фæлæ ма сæйрагдæр æнæниздзинадæн æдас дæр.

Фæлæ ацы æууæлтæ æнæмæнг не сты хæрзхъæддзинады нысан. Специалистты амындмæ гæсгæ, харбыз хъуамæ уа нæдæр стыр, нæдæр чысыл, йæ цъары хуыз хъуамæ уа ирд бур фæдтимæ. Уæйгæнæгæй нæй курын, цæмæй дыргъ алыг кæна, рæгъæд у, уый феныны тыххæй. Уый æдас нæу. Гæнæн ис, æмæ дзы фæзындзæн микробтæ. Уымæ гæсгæ харбыз цалынмæ æхсад не *рцæуа, уæдмæ йæ лыг кæнын не мбæлы. Арæх æлхæнджытæ харбыз равзарын бабар кæнынц уæйгæнæгæн. Хуыгаты Гасан ацы культурæ уæй кæныны куыст кæны 10 азæй фылдæр. Куыд зæгъы, афтæмæй тæрхæгмæ бахауыны размæ, гагадыргъ лæмбынæг бæлвырдгонд æрцæуы.

Харбызы нитраттæ ис æви нæй бæлвырд кæнын – иунæг домæн нæу уæйгæнджытæм. Ацы культурæ уæй кæныны æгъдæуттæ фидаргонд сты паддзахадон стандарттæй æмæ сын уаг дæттынц бæлвырд закъæттæ.

Харбыз уæй кæныны бынæттæн кусыны бар ис 1-æм июнæй 30-æм сентябры онг. Сæрмагонд амалхъом адæм æмæ юридикон бæрнондзинад кæуыл ис, уыдон уæй кæныны бар райсынц горæты администрацийы гом аукционы.

 

Ныртæккæ ма арæзт цæуы ноджыдæр иу гом аукцион. Харбызтæ уæй кæныны бар райсыны фадат ма ис 22 амалхъом адæймагæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania