филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:47 воскресенье, 01 февраля 2026
11 августа 2022, 11:25
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцæудзæн æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум «Армия-2022»

Куыд æм цæттæ кæнынц, ууыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды

19-æй-21-æм августмæ Цæгат Ирыстоны арæзт æрцæудзæн æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум «Армия-2022». Куыд æм цæттæ кæнынц, ууыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ.Архайдтой ма дзы хицауадон оргæнты, 58-æм æфсады æмæ «Юнарми»-йы регионалон штабы минæвæрттæ. Ацы аз форум арæзт уыдзæн Хъесаты Колкайы уынджы Терчыбылгæрон. Традицимæ гæсгæ, æвдыст æрдзæудзæн Хъахъхъæнынады, æнæнхъæлæджы уавæрты, мидхъуыддæгты министрадты, стæй Уæрæсейы гвардийы цы нырыккон æфсæддон техникæйæ пайда кæнынц, уый. Уыдзæн культурон-ирхæфсæн программæ дæр. Æмбырды архайджытæ бæстон æрдзырдтой æдасдзинады фарстатыл. Тугъанаты Ларисæ загъта, форум бæрзонд æмвæзадыл саразын кæй хъæуы, æппæт мадзæлттæ хъуамæ æнæ къуылымпытæй æххæстгонд цæуой. Форум «Армия-2022» Уæрæсейы арæзт цæуы 2015-æм азæй фæстæмæ. Стыр бынат ахсы, бæстæйы æфсæддон тыхты авторитет бæрзонддæр кæныны, стæй иннæ паддзахадтимæ бастдзинæдттæ хъахъхъæнынады къабазы æнгомдæр кæныны хъуыддаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania