филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:53 воскресенье, 01 февраля 2026
16 августа 2022, 11:06
Пятигорскы райдыдта фæсивæдон форум «Машук-2022»

Ацы аз проект рацыд федералон æмвæзадмæ

Пятигорскы райдыдта фæсивæдон форум «Машук-2022». Ацы аз проект рацыд федералон æмвæзадмæ. Форумы темæтæ сты- патриотизм, бархионты змæлд, сфæлдыстадон хъæппæристæ æмæ бинонты хæзнатæ. Цæгат Ирыстоны кад фыццаг фæлтæры хъахъхъæнынц 30 адæймаджы. Уыдоны фарс рахæцынмæ Пятигорскмæ абалц кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

«Наши открытия». Ахæм сæргондимæ райдыдта ахуырадон форум «Машук»-ы фыццаг фæлтæр.  Ис дзы цалдæр къабазы – туризм, культурон æмахастдзинæдтæ, бархионты куыст. Дзгойты Артур форуммæ æрбацыд цымыдисаг проектимæ. Йæ нысан у туристы æнцондзинадæн саразын Дзæуджыхъæуы онлайн-картæ. Баиу дзы кæндзæн фæлладуадзæн сæйраг фæзтæ.  Æрмæг дзы бакæсæн уыдзæн æртæ æвзагыл – уырыссаг, ирон æмæ англисаг.

Форумы архайджыты фылдæр хай ардæм æрбацыд фыццаг хатт.  Фæлæ дзы ис ахæмæтæ дæр, кæцыты проекттæ  бирæ хæттыты хорзыл нымад æрцыдысты. Сырхауты  Кристинæ фарон рамбылдта грант. Ныр дæр йæ зæрдæ дары хорз бæрæггæнæныл. Йæ æрхъуыды «Клуб интеллектуалов и любителей книг нарт » Цæгат Ирыстоны царды йæ бынат ары. Кристинæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ йæ зæрды ис проектыл куыст фæуæрæхдæр кæнын. Уыцы хъуыддагыл дзурдзæн йæ куыст хъæхъæнгæйæ жюрийы уæнгтимæ. Уыимæ сын бацæттæ кодта видеоæрмæг ирыстойнаг авторты аивдон куыстыты тыххæй.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ форумы архайджыты хсæн хуыздæрты равзарын æнцон хъуыддаг кæй нæу. Комкоммæ къæпхæны архайы мин адæймагмæ хæстæг. Уый уымæн æмæ ацы аз «Машук»-æн радтой ног статус,  сси Æппæтуæрæсеон. Цæгат Ирыстоны делегаци ахуырадон форумы архайы 9 проектимæ.  Разæй сæм æнхъæлмæ кæсы сæ бахъхъахъæнын, жюрийы уæнгтæм фæхæццæ кæнын сæ æнæбафæзмындзинад, стæй ахадындзинад æбоны царды.  Гранты бæрц аразгæ у проекты хæрзхъæддзинадæй æмæ сметæйæ. Уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты экспертон æркасты  бæрæггæнæнты фæстæ.

Ацы аз форумы сæйраг темæ баст у Уæрæсейы адæмы хæттыты культурон бынтимæ. Фыццаг хатт дзы равæрдтой историкон-документалон равдыстытæ «Казаки – герои на службе Отечеству».

Форум байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. Лагерыл традицион æрзылды рæстæг Стъараполы крайы губернатор Владимиром Владимировимæ, базонгæ сты форумы куыстимæ æмæ йæ сноггонд фæзтимæ.  Сергей Меняйло ма бабæрæг кодта Ирыстоны делегацийы цатыртæ. Уыдон дзурæг сты Цæгат Кавказы адæмы хæттыты культурæ æмæ цардыуагыл. Республикæйы сæргълæууæг йæ раныхасы загъта, фæсивæдæн  «Машук» хорз фæрæз кæй у кæрæдзиимæ базонгæ уæвынæн, стæй иумæ бæстæйы фидæн аразынæн райдзаст хъуыдытæ гуырын кæнынæн.

Сергей Меняйло форумы архайджытæн раарфæ кодта «Машук» кæй райдыдта, уый тыххæй. Цæгат Ирыстоны делегацийæн загъта, йæ зæрдæ кæй дары  проекттæ хъахъхъæнгæйæ хуыздæрты номхыгъдмæ хаст кæй æрцæудзысты, ууыл.

Форумы архайджытæм ма фидæны æнхъæлмæ кæсы бирæ цымыдисаг фембæлдтытæ, мадзæлттæ. Сæ хъуыдытæ сын æргом кæндзысты зындгонд  политиктæ, спортсментæ,  актертæ. Ацы аз форумы уыдзæн æртæ фæлтæры. Фæстаг  ацæудзæн онлайн-хуызы.  Уымæ сæ проекттæ равæрдзысты  Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæты минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania