филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 воскресенье, 01 февраля 2026
18 августа 2022, 11:39
Дзæуджыхъæуы йæ тæмæны бацыд газуадзæн хæтæлтæ ивыны куыст.

Æдæппæтæй ацы аз нæ республикæйы сног кæндзысты газуадзæн хæтæлты 10 километры

Дзæуджыхъæуы йæ тæмæны бацыд газуадзæн хæтæлтæ ивыны куыст. Æдæппæтæй ацы аз нæ республикæйы сног кæндзысты газуадзæн хæтæлты 10 километры. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у дыууæ хатты фылдæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ куыстытæ цæуынц æмгъуыдæй раздæр, æмæ сæ æххæстæй фæуыдзысты хъармгæнæн сезоны райдианмæ. Ныхасы бар Гæджиты Сосланæн.

Тагъд рæстæджы æрдзон артаг Дзæуджыхъæумæ хæццæ кæндзæн ног хæтæлты уылты. Уыцы цаумæ цæттæгæнæн мадзæлттæ ныртæккæ цæуынц поселок Южныйы. Уым ис Дзæуджыхъæуы газуадзæны сæйрагдæр уаццæгтæй иу. Алы бон дæр кусджытæ ног хæтæлтæ сæвæрынц 70 метры дæргъæн. Афтæмæй дыууæ къуыримæ базылдысты 500 метрæй фылдæры уаццагмæ. Уыйбæрц куыст ма сæм æнхъæлмæ кæсы разæй дæр.

2023-æм азы фæуыдзæн зæронд хæтæлы гарантион æмгъуыд. Æвæрд æрцыд 1973-æм азы. Æнусы рдæгмæ йæм цалдæр хатты базылдысты, фæлæ йæ ныртæккæ хъæуы бындуронæй рацаразын. Ног хæтæл у æфсæйнагæй конд, стæй полиэтиленæй æмбæрзт. Йæ гаранти та у 40 азы онг.

Хæтæл ивын кæй хъуыди, ууыл фыццаджыдæр дзурæг уыд æдасдзинады фарста. Ног газуадзæн та æвæрынц зæронды фарсмæ. Уыимæ æрдзон газ хæдзæрттæм цæуы, раздæрау, æнæ къылымпытæй. Зындзинæдтæ сæвзæрдзысты æрмæстдæр хæтæлтæ куы ндадзой, уæд. Фæлæ уый 4 сахатæй фылдæр нæ уыдзæн, – зæгъынц специалисттæ.

Ног хæтæлы диаметр у – 32 сантиметры. Уый уылты æрдзон артаг цæудзæн бæрзонд æлхъывдадæй. Регуляторы фæрцы та æлхъывдад кæндзæн лæмæгъдæр.

Æдæппæтæй ацы аз нæ республикæйы сног кæндзысты газуадзæн хæтæлты 10 километры. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у дыууæ хатты фылдæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ куыстытæ æххæстæй фæуыдзысты хъармгæнæн сезоны райдианмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania