Хъæуæн ис хъæздыг истори
Цъæйы комы æнусон истори. Цæгат Ирыстоны рагондæр хъæутæй иу – Уæллаг Цъæй сбæрæг кодта йе 640 азы юбилей. Хъæуæн ис хъæздыг истори. Уæдæ йæ æрдзон рæсугъддзинад та йæхимæ адæмы лвасы бæстæйы алы къуымтæй, æмæ ма суанг фæсарæнтæй дæр. Хъæуы абоны царды тыххæй, æмæ сæ юбилейы бон куыд ацыд.
Цъæйы ком хъахъхъæны бирææнусон истори. Абон Уæллаг Цъæй кæй хонынц, уыцы хъæу фæзынд 640 азы размæ. Ныры онгмæ чи фæлæууыд, уыцы рагондæр арæзтадтæй иу у – Айларты хъахъхъæнæг мæсыг. Уый фæстæдæр арæзт æрцыд. Цæрджытæ дзы æмбæхстысты знæгтæй. Сæрмагондæй – тæтæр-монголтæй.
Цъæйы цæрджытæ сæхи хъæбатырæй равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр. Ардыгæй фронтмæ ацыдысты дæсгæйттæй. Уæд хъæу стыр уыдис æмæ дзы бирæ адæм цард. Ныр Цъæйы хыгъды цы 9 хъæуы уыд, уыдонæй ма баззад 4.
Цъæйы иуæй-иу цæрджытæ ардæм æрбацæуынц сæрды сывæллæттимæ. Фæлæ дзы æдзух стæм адæймаджы цæры. Постхæссæг Дзалаты Екатеринæйы ныхæстæм гæсгæ, газет кæмæн æрбахæсса, уый дæр нæ вæййы.
Хъæуы царды уавæртæ чысылгай хуыздæр кæнынц. Хæдзæрттæм бауагътой газ æмæ электрон тых, скодтой уынгты рухс. Фæлæ сæйраг риссаг фарста у – фæндаг. Адæм сæ зæрдæ дарынц, Абайты хъæуы цы уазæгдзæрæн комплекс аразынц, уый фæрцы фæндаг дæр асфальтгонд кæй æрцæудзæн, ууыл.
Урбанизациимæ тохы уал Цъæй хæрд кæны. Фæлæ хъæу дарддæр цæры, кæд æмæ дачæйы хуызы, уæддæр. 640 азы бæрæг кæныны бон хистæртæ кувынц, цæмæй ацы алæмæты къуым хæхты нырма бирæ æнусты хъахъхъæд уа, уый тыххæй.




