филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:10 воскресенье, 01 февраля 2026
26 августа 2022, 11:51
Дзанайты Барис бабæрæг кодта сывæллæтты сфæлдыстады республикон Галуан

Уым ныртæккæ цæуынц рацарæзты куыстытæ

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта сывæллæтты сфæлдыстады республикон Галуан. Уым ныртæккæ цæуынц рацарæзты куыстытæ. Баст сты Цæгат Ирыстоны 100 азы бон сбæрæг кæныны мадзæлттимæ. Юбилей сбæрæг кæндзысты  2024-æм азы. Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй объект экплуатацийы раттынмæ хъавынц 2023-æм азы. «Нæ сæйрагдæр хæс у – объекты хицæндзинад бахъахъхъæнын, æмæ йæ уыцы-иу рæстæг технологон æгъдауæй нырыккон скæнын. Хъуамæ дзы сывæллæттæн æмæ педагогтæн дæр арæзт æрцæуой æнцонвадат уавæртæ», – загъта Дзанайты Барис. Премьер ма ахуырады Министрадæн æмæ Галуаны разамындæн бабар кодта ног ахуыры азы райдианмæ ахджиаг куыст бакæнын, цæмæй æппæт коллективтæ дæр кусой æнæ къуылымпытæй. Хицауады сæрдар ма бабæрæг кодта Паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы бæстыхай. Уым дæр ныртæккæ цæуынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Объект раттынмæ хъавынц ацы азы кæронмæ. Ансамблы аивадон разамонæг Козаты Зелимхан куыд фехъусын кодта, афтæмæй ма ныртæккæ сфæлдыстадон коллективæн хуыйынц ног сценикон костюмтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania