Уыцы хъуыды фæзынд, радон хатт та турист зæппæдзтæм кæй бахызт, къамтæ дзы кæй фæиста, æмæ сæ социалон хызты кæй равæрдта, уый фæстæ
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ ногæй сидынц бæрнон кусджытæм, цæмæй Дæргъæвсы некрополь æхгæд æрцæуа, уый тыххæй. Уыцы хъуыды фæзынд, радон хатт та турист зæппæдзтæм кæй бахызт, къамтæ дзы кæй фæиста, æмæ сæ социалон хызты кæй равæрдта, уый фæстæ. Уый размæ историон бынат сæхгæныны хъуыды фæзынд, ахæм цау ма дзы куы рцыд, уæд. Æрыгон чызг стæгдартимæ систа йæ къамтæ æмæ сæ уый дæр равæрдта социалон хызты. Фарон некрополы райдыдтой æвæрын хъæдын рудзынгæмбæрзæнтæ. Лæвар сæ арæзта Плиты Уырызмæг. Мастерæн бантыст рагон хуыз бахъахъхъæнын. Пайда кæны хæрзмыггаг бæлæсты хуызтæй. Уыимæ архайы æнæ зæгæлтæй. Нырма уал ахæм дуæрттæй нысан кæнынц 12 зæппадзы сæхгæнын. Цæмæй Дæргъæвсы некрополы мæрдты горæт æнустæм хъахъхъæд æрцæуа, уый тыххæй та фидæны фæнд кæнынц æппæт объекттæн дæр скæнын хъæдын æмбæрзæнтæ.




