филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 воскресенье, 01 февраля 2026
30 августа 2022, 11:28
Зындгонд адæмы хуызтимæ къул фæхъæздыгдæр ног хъайтартæй

Уыцы къул та ис хъæддзаума аразæг фабрикæйы æддаг фарс

Зындгонд адæмы хуызтимæ къул фæхъæздыгдæр ног хъайтартæй. Уыцы къул та ис хъæддзаума аразæг фабрикæйы æддаг фарс. Къул арæзт у 16 блокæй. Уыдоныл фенæн ис наукæйы æмæ аивæдты зындгонд архайджыты хуызистытæ. Се хсæн: Сталин, Тугъанты Махарбег, Петр Фыццæгæм, Мухаммед Али, Майкл Джексон, Леонардо да Винчи, Бетховен, Махатма Ганди, Ньютон, Абайты Васо, Брюс Ли. Æппæт граффититы бынмæ та фыст сты хъуыстгонд адæмы æнæмæлгæ рæнхъытæ. Проекты сæйраг мидис у – территори саив кæнын, стæй йæм сывæллæтты ргом раздахын. Проекты автор у Хадыхъаты Зауырбег. Дыууæ азы размæ проект «Стена личностей» фæсивæдон форум «Машук»-ы райста грант 200 мин сомы. Акцийы архайынц 200 адæймагæй фылдæр. Сæ фылдæр сты рæзгæ фæлтæр. Бынæттон лæппутæй æмæ чызджытæй дарддæр ма къул саив кæнынмæ æрбацыдысты Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæй æрлидзæг адæм. Проекты автор ма фæнд кæны дæсныйадæвдисæг ахуыртæ саразын æмæ лекцитæ бакæсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania