Проектмæ гæсгæ объект рацараздзысты, æмæ бæстыхай сног кæндзысты
2004-æм азы террористтæ цы скъола бацахстой, уым дарддæр арæзт цæуы æппæтадæмон культурон-патриотон центр. Проектмæ гæсгæ объект рацараздзысты, æмæ бæстыхай сног кæндзысты. Ныридæгæн дæр дзы бирæ куыстытæ конд æрцыд. Сцалцæг кодтой бæстыхайы сæр, монтаж кæнынц электрон тыхдæттæг æмæ вентиляцион системæтæ. Æппæт проектон уынаффæтæ сфидар кодтой «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ. Куыстытæм йæ цæст дары Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.
Къæпхæнгай дарддæр æххæстгонд цæуы Беслæны раздæры 1-æм скъолайы бæстыхайы консерваци. 8 азы дæргъы куыст цыдис æнæхъæн комплекс саразыны концепцийыл. Суыдзæн терроризмы профилактикæйы центр. Фарон райдыдтой проект æххæст кæнын.
Скъолайы раздæры æрмадзты бынаты сарæзтой бæстыхай. Уыдзæн дзы библиотекæ, экспозицион æмæ конференц-зал.
Скъолайы бæстыхай суыдзæн музей. Ныуаддзысты йæ, ныр цавæр уавæры ис, ахæмæй. Консерваци хъæуы, цæмæй рæстæгимæ ма хæла, уымæн.
Нæ бавналдзысты кълæстæм дæр. Ам сæвæрдзысты, чи фæмард, уыдоны дзауматæ. Музеймæ экспонаттæ æрбахæссын уыдзæн хæстæджытæй алкæйы бон дæр. Афтæмæй Беслæны амæттæгтæй иуы ном дæр рох нæ уыдзæн. Бæстыхайы консервацийы архайдзысты æппæт бæстæйæ реставратортæ. Уыдоны бафæндыд се *вæрæн бахæссын, скъола бахъахъхъæныны хъуыддагмæ.
Контрактмæ гæсгæ, объекты куыстытæ хъуамæ фæуой 2023-æм азы майы. Фæлæ специалисттæ кусынц тагъддæр. Зæрдæ æвæрынц, ацы аз декабрьмæ центр цæттæ кæй уыдзæн, уымæй.




