филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:38 воскресенье, 01 февраля 2026
02 сентября 2022, 11:25
Къарджиаты Динæ æххæстæй банкъардта Беслæны трагеди

Теракты бахауд йæ дыууæ сывæллонимæ

Къарджиаты Динæ æххæстæй банкъардта Беслæны трагеди. Теракты бахауд йæ дыууæ сывæллонимæ. 12-аздзыд Зæринæйæн нæ бантыст спортзалæй рацæуын. Уыцы цаутæ æдзухдæр сты Динæйы зæрдæйы, фæлæ уыдоны тыххæй дзурын сылгоймаг нæ уарзы..

Цалынмæ къофи фыцы, уæдмæ Къарджиаты Динæ дзуры музыкæйы тыххæй. Йæ цард цæрæнбонты фæкуыста музыкалон скъолайы. Сольфеджио, хор, фортепиано. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ музыкæ ирвæзын кæны.

Зын рæстæг йæ ныфс сты æнæмæнг йæ сывæллæттæ дæр. Уыдон ныр рахъомыл сты.

Ацы хуызистыл – Динæйы фырт Алан теракты фæстæ Мæскуыйы рынчындоны. Олимпаг чемпион Алексей Немовимæ фембæлд йæ зæрдæйы баззад. Куы сдзæбæх, уый фæстæ лæппу равзæрста йæ царды фæндаг.

Динæйы чызг Фаризæ райгуырд 2005-æм азы мартъийы. Афтæ йæ схуыдтой, амондджын цард чи фæцарди, сæ ахæм хæстæджы кадæн.

Фаризæ дæр йæ мады хуызæн уарзы музыкæ. Ахуыр кодта скрипкæйыл, уый фæстæ та фортепьянойыл цæгъдын. Фæлæ равзæрста æндæр цардвæндаг.

Царды мидис цы у фарстайæн, Динæмæ ис иунæг дзуапп.

Беслæнмæ æрбацыд хъарм фæззæг. Горæт цæры йе рвылбон сагъæстæй, фæлæ æнæмæнг ивгъуыд цауты тыххæй мысинæгтæ хъахъхъæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania