18 азмæ Беслæны бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, стæй ма сæм ис ног фæндтæ æмæ нысантæ
Зæрдæхалæн цаутæн ферох кæнæн нæй. Фæлæ уыимæ хъæуы дарддæр цæрын æмæ фидæнмæ ныфсджынæй кæсын. 18 азмæ Беслæны бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, стæй ма сæм ис ног фæндтæ æмæ нысантæ. Горæты фæзындысты, социалон ахадындзинæд кæмæн ис, ахæм объекттæ. Кæцыдæрты арæзтад ныридæгæн кæронмæ æрхæццæ.
Сывæллæтты ног рæвдауæндон у, Беслæны комплексон райрæзты генералон пъланмæ гæсгæ арæзт фыццаг социалон объект. Ис дзы 120 бынаты. Скъолайы агъоммæ ахуыргæнæндоны ис 6 къорды. Ам æххæст кæнынц ахуырады полилингвалон модель. Хъазæн зонæтæ, хуыссæнуаттæ, хæрæндон ифтонг сты нырыккон домæнтæм гæсгæ. Ис хъазæн фæзтæ дæр. Рæвдауæндон байгом кæнынмæ ам рагæй æнхъæлмæ кастысты. Горæты ацы районы у иунæг.
Сентябры кæронмæ Беслæны сæ дуæрттæ байгом кæндзысты уæлæмхасæн ахуырады 2 объекты: æвзонг техникты æмæ æвзонг натуралистты станцæтæ. Фæвæййынц цæттæгæнæн куыстытæ. Ахуыр кæндзысты цалдæр къабазмæ гæсгæ: авиа- æмæ автомоделировани, промышленнон дизайн, IT, high-tech. Æвзонг техникты станцæйы территорийы уыдзæн модельтæ фæлварынæн фæз. Сывæллæттæ ахуыр кæндзысты лæвар.
Беслæны фæзындзæн ног музыкалон скъола дæр. Ныртæккæ кусджытæ аразынц фыццаг уæладзыг. Объекты фæзуат – 2 мин 400 квадратон метры. Скъолайы уыдзæн актон зал 200 бынатæн æмæ 24 къласы сæрмагонд ахуыртæ кæнынæн. Уый у, зæронд бæстыхайы цас уыд, уымæй 2 хатты фылдæр.
Рахизфарсы районы реконструкцигонд цæуынц доны системæтæ дæр. Кæцыдæр хайæдты куыстытæ ныридæгæн райдыдтой. 2 азмæ Беслæны баивдзысты 100 километры бæрц хæтæлтæ. Уый къухы бафтыд «Цæгат Ирыстоны артаджы æмæ энергетикæйы комплексы стæй цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рæзты» паддзахадон программæйы фæрцы.




